филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 понедельник, 02 ноября 2026
08 июля 2026, 10:31
Ног видео электроэнцефалограф фæзынд сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны

Нырыккон аппарат медицинон кусæнуæтты ис 2 къуырийы бæрц æмæ дзы ныридæгæн ахадгæйæ пайда кæнынц

Медицинæйы рæзт. Ног видео электроэнцефалограф фæзынд сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны. Нырыккон аппарат медицинон кусæнуæтты ис 2 къуырийы бæрц æмæ дзы ныридæгæн ахадгæйæ пайда кæнынц. Рынчындоны специалисттæ ацыдысты хъæугæ ахуырад. Процедурæ æххæстгонд фæцæуы сæрмагонд палатæйы, пациенты сæрыл скæнынц шлем, афтæмæй. Ацы хуызы иртæст бæрæг кæны сæры магъзы куыст боныгон æмæ æхсæвыгон фæллад уадзыны рæстæг. Хъæуы диагноз сбæлвырд кæнынæн æмæ у æдас. Процедурæ ахæссы 4 сахатæй 10 сахаты онг. Снысан æй кæны дохтыр-невролог.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania