филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:33 вторник, 03 ноября 2026
10 июля 2026, 10:34
Дзæуджыхъæуы райдыдта, æвзарæн хайæдты чи кусдзæн, уыцы æхсæнадон цæстдарджыты ахуырад

Ахуыртæ амыдта профессор, Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнг, республикæйы хæдбар æхсæнадон мониторингы штабы уæнг Чеджемты Сергей

Дзæуджыхъæуы райдыдта, æвзарæн хайæдты чи кусдзæн, уыцы æхсæнадон цæстдарджыты ахуырад. Ахуыртæ амыдта профессор, Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнг, республикæйы хæдбар æхсæнадон мониторингы штабы уæнг Чеджемты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй æхсæнадон цæстдарджыты институт ахадгæйæ кусы бæстæйы, вæййынц æппæт æвзарæн хайæдты æмæ æххæст кæнынц æвзарæн процессы æргомдзинад. Ахуырады рæстæг цæстдарджытæн радзырдтой барты æмæ хæсты, стæй хъæлæс кæныны процессы сконды тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон думæйы депутатты æвзæрстытæ уыдзысты 18-æм, 19-æм æмæ 20-æм сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania