филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:07 вторник, 03 ноября 2026
01 сентября 2026, 10:46
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хæдзармæ фæндаг хуымæтæг нæ вæййы

Рæстæг фæхъæуы æрмæст æнæниздзинад фидар кæнынæн нæ, фæлæ адаптаци ацæуынæн дæр

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хæдзармæ фæндаг хуымæтæг нæ вæййы. Рæстæг фæхъæуы æрмæст æнæниздзинад фидар кæнынæн нæ, фæлæ адаптаци ацæуынæн дæр. Сабырдзинады царды уавæртыл сахуыр кæнын сын зын вæййы. æмæ сын уæд баххуыс кæнынц «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды социалон координатортæ. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Йæ хæстон фæндаг райдыдта 2008-æм азы Хуссар Ирыстоны. Елизавета Хуцишвили æфсæддон дохтырæй кусы 26 азы. æфсадмæ йæ кæддæр æрбахуыдта йæ цардæмбал — хæстон цауты ветеран. 2022-æм азы майы Елизаветæмæ фæсидтысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. æмæ та ногæй уыдис, медицинон фæлтæрдтæ тынгдæр кæм хъæуынц, уым. Ирвæзын кодта цæф хæстонты, раласта-иу сæ æдас бынатмæ, арæх — æхстыты рæстæг.

Хæстон цауты зонæйы Елизавета æрмæст йæ сæйраг дæсныйады хæстæ не *ххæст кодта. Сси радиоэлектрон сгарæг къорды архайæг, иу хатт йæхæдæг дæр фæцæф, фæлæ йæ службæ дарддæр ахæццæ кодта. Йæ цардæмбалмæ хæстæй цы хъусынгæнинæгтæ æрвыста, уыдон, стæй къамтæ нæлгоймаг хъахъхъæны йæ чырæ телефоны. æфсæддон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, куы бахъæуа, уæд та цæттæ уыдзæн фæстæмæ аздæхынмæ.

Хæдзармæ ссæуын, хæстон царды уавæртыл ахуырæй, æнцондæр нæ уыдис. 3 азон службæйы фæстæ Елизаветæ тынг тыхсти: æвиппайды-иу скуыдта, æдзух йæ зæрдыл лæууыдысты, медицинон æххуыс кæмæн кодта, уыцы хæстон хæлæрттæ, фæндыдис æй æфсæддон операцийы зонæмæ фæстæмæ ацæуын. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды тыххæй йын радзырдта йе *мкусæг. Афтæ Елизаветæ бахауд социалон координатор Цæрæкты Мæдинæмæ.

Цæрæкты Мæдинæйæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс у йæ æрвылбоны куыст. Сæ фарсмæ æрбалæууы социалон æмæ царды иннæ къабæзтæй фæрстытæ лыг кæныны æмæ хъæугæ гæххæттытæ бацæттæ кæныны рæстæг. Фæлæ координаторы ныхæстæм гæсгæ, Елизаветæйы истори у бынтон æндæрхуызон. Ам сæйрагдæр уыдис адæймаджы фарсмæ уæвын æмæ йын, йæ зæрдæйы цы хъуыдытæ ис, уыдон раргом кæныны бар раттын. Мæдинæ кæд психолог нæу, уæддæр Елизаветæйы уымæн бафæндыд йæ дзуринæгтæ зæгъын.

Алы ахæм цауы дæр æмбæхст у сабырдзинадмæ раздæхыны хицæн истори. æмæ уæд социалон координаторы куыст апарахат вæййы: ахсджиаг у ветеранæн æрмæст йæ фарсмæ æрбалæууын нæ, фæлæ афойнадыл бамбарын, адæймаджы æххуыс уæлдай тынгдæр кæд фæхъæуы, уый. Цæрæкты Мæдинæйы руаджы Елизаветæ сабыргай ацыдис адаптаци, æмæ раздæхт сабыр цардмæ йæ бинонты *хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania