филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:46 вторник, 06 октября 2026
23 сентября 2026, 10:38
11-аздзыд Илья сфæнд кодта гæдыйы лæппыны аирвæзын кæнын, æмæ бахауд уæзласæн машинæйы бынмæ

Афтæмæй лæппу уæззау цæфтæ фæци

Дохтыртæ ацы цау банымадтой æцæг диссагыл. 11-аздзыд Илья сфæнд кодта гæдыйы лæппыны аирвæзын кæнын, æмæ бахауд уæзласæн машинæйы бынмæ. Афтæмæй лæппу уæззау цæфтæ фæци. Ныридæгæн ын скодтой 9 операцийы æмæ мæйы дæргъы уыди реанимацийы. Дохтыртæн бантыст лæппуйы аирвæзын кæнын, æмæ йæ цардмæ раздахын. Ныртæккæ йæ хъæуы дæргъвæтин реабилитаци ацæуын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ильяйæн ныртæккæ сæйрагдæр у – ногæй та къæхтыл слæууын æмæ раздæхын футболон фæзмæ. 11-аздзыд лæппу у Стъараполы крайæ. Цалдæр къуырийы размæ Илья Калитин тыххæй аирвæзт мæлæтæй. Гæдыйы лæппыны ирвæзынгæнгæйæ бахауд уæзласæн машинæйы цæлхыты бынмæ. Ныр цæуы реабилитаци. Уæззау цæфы фæстæ алы азмæлдыл дæр ногæй ахуыр кæны.
Ацы цау æрцыд Стъараполы крайы хутор Графскийы. Аварийы фæстæ Ильяйы бирæ цæфтимæ æрбаластой Мæздæджы районы центрон рынчындонмæ. Уым, фыццаджыдæр, скодтой операци къухыл – сæвæрдтой Илизаровы аппарат.

Æхсæвы Ильяйы сфæнд кодтой Дзæуджыхъæумæ раласын. Лæппуйы уæззау уавæры тыххæй дохтыртæ æмбæрстой – гæнæн ис, æмæ фæндаг суыдзæн уæлæмхасæн фæлварæн. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны лæппуимæ уайтагъд цалдæр специалисты кусын райдыдтой. Фæд фæдыл ын скодтой 4 операцийы. 3 сахатæй фылдæр архайдтой йæ аирвæзын кæныныл æмæ йын йæ рахиз къух бахъахъхъæныныл. æмæ сын бантыст. æдæппæтæй дзæбæх кæныны рæстæгмæ Ильяйæн скодтой 9 операцийы.
Мæйы бæрц Илья фæцис реанимацийы. Фыццаг 2 къуырийы йын йæ рæуджытæ кусын кодтой сæрмагонд аппараты фæрцы. Уæззау цæфы фæстæ хъыгдард баййæфтой йæ уыргтæ дæр. Консервативон терапийы руаджы сæ скусын кодтой. æппæт ацы рæстæг Ильяимæ архайдта специалистты стыр командæ. Иумæ лыг кодтой дзæбæх кæныны æмæ реабилитацийы æппæтæй зындæр фарстатæ.

Реанимацийы фæстæ Ильяйы раивтой травматологийы хайадмæ, ноджыдæр ма 3 къуырийы фæстæ та йæ арвыстой реабилитацимæ. Ныртæккæ архайы дзæбæхгæнæн физкультурæйæ, кæнынц ын массаж. Ацы къуыри йæ фæнд кæнынц рафыссын. Фæлæ ма йæм разæй æнхъæлмæ кæсы реабилитацийы цалдæр курсы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania