Баст у курдиатджын кафæг, балетмейстер æмæ хореограф Битарты Зауырбеджы цард æмæ сфæлдыстадимæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хореографион аивады 2-аг æппæтадæмон фестиваль-конкурс «Зауырбег». Баст у курдиатджын кафæг, балетмейстер æмæ хореограф Битарты Зауырбеджы цард æмæ сфæлдыстадимæ. Уый фыццаг акодта хъаматимæ кафт профессионалон сценæйы. Ацы хатт фестивалы сæ арæхстдзинад равдыстой артисттæ нæ бæстæйы алы регионтæй. Кафты аивады тыххæй бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хъаматимæ кафт йæ саразæджы ном æрæмысыны нысанимæ. Дзæуджыхъæуы уыд хореографион аивады 2-аг æппæтадæмон фестиваль-конкурс «Зауырбег». Баст у курдиатджын кафæг, педагог æмæ балетмейстер Битарты Зауырбеджы цард æмæ сфæлдыстадимæ. Фестиваль саразыны хъуыды æрцыд ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг Козаты Зелимханмæ.
Битарты Зауырбег лæууыд Цæгат Кавказы профессионалон хореографийы райрæзты бындуры. Уыд Садонæй рацæугæ, раджы баззад æнæ ныййарджытæй. Ацыд Мæскуыйы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинагæй номдзыд артисты æмæ фæлтæрдджын зондамонæджы онг царвæндаг.
Дыккаг фестиваль «Зауырбег»-ы архайдтой кафæн къордтæ æмæ солисттæ Уæрæсейы 10 регионæй. Ирд сценикон равдыстытæ, национ кæфтытæ. Жюрийы – Кавказы хуыздæр балетмейстертæ. Битарты Зауырбеджы хъуыддаг дарддæр хæццæ кæнынц йæ ахуыргæнинæгтæ.
Мадзаларазджыты фидарæй уырны, фестивалæн стыр фидæн кæй ис, уый. Конкурсы архайын фæнды фылдæр коллективты. Уый та нысан кæны «Зауырбеджы» ном дарддæр кæй цæрдзæн йæ фæдонты æмæ сценæйы дæр.




