24 октября 2026, 10:20
Мæздæджы районы экскурси сарæзтой волонтерты штаб «Мы вместе»-мæ
Штаб кусын райдыдта сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонæй
Ведомствæты хсæн æмархайды фæлгæты, Мæздæджы районы æнæхъом сывæллæтты фарстаты фæдыл къамис æмæ пъæлицæйы хайад экскурси сарæзтой волонтерты штаб «Мы вместе»-мæ. Разамонæг Галина Николаева бæлвырдæй радзырдта волонтерты куысты тыххæй, цæмæй фронтæн уой æххуыс. Штабы активист Любовь Николаенко уазджытæн бацамыдта маскировкæгæнæн хызтæ быйыны техникæ. Штаб «Мы вместе» кусын райдыдта сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонæй. Уыцы рæстæгмæ скодтой сæдæгай маскировкæгæнæн хызтæ, æмæ уымæй бахъахъхъæдтой бирæ салдæтты цард.
темæмæ гæсгæ




