филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:30 суббота, 21 сентября 2024
05 октября 2012, 10:28
Фыццæгæм скъолайы историйы музей абон байгом Беслæны

Ацы цаумæ ахуыргæнджытæ скъоладзаутимæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Цы æрмæг дзы ис, уый æмбырд кодтой иумæ. Музейы ис намысы, номарæн, стæй историйы залтæ.

Ацы цаумæ ахуыргæнджытæ скъоладзаутимæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Цы æрмæг дзы ис, уый æмбырд кодтой иумæ.
Музейы ис намысы, номарæн, стæй историйы залтæ. Æвдыст дзы цæуынц
алыхуызон экспонаттæ – скъолайы равзæрды рæстæджы документтæ, рагон
къамтæ, фыццаг ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ, хуыздæр рауагъдонтæ,
фыццæгæм скъолайы террористон акты рæстæг чи фæмард, уыдоны тыххæй
æрмæг, «Альфа» æмæ «Вымпелы» æфсæддонты дзаумæттæ, террористон акты
хъыгдард чи баййæфта æмæ бахъахъхъæнын кæй бантыст, ахæм дзаумæттæ.
Абоны мадзалмæ æрæмбырд сты скъолайы рауагъдонтæ, бирæ азты дзы чи
фæкуыста, уыцы ахуыргæнджытæ. Музейы уыд Мамсыраты Таймураз дæр. Цæгат
Ирыстоны сæргълæууæг федта экспонаттæ, бузныг загъта, музей саразыныл чи
бафыдæбон кодта, уыдонæн.

Цгъойты Беллæ, Беслæны Коминтерны уынджы
скъолайы ахуыргæнæг: «Сæдæ азæй фылдæр чи фæкуыста, æгас Ирыстоны
хъуыстгонд чи уыди, уыцы скъолайы истори ис ам. Æвдыст у къамты хуызы.
Тынг бирæ йыл бафыдæбон кодтой æрмæст скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ нæ,
фæлæ, уыцы хъуыддаг йæхимæ чи айста, Цæлойты Надеждæ, историйы
ахуыргæнæг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania