Цæгат Ирыстоны райдыдта адæмон кæфтыты 5-æм дунеон фестиваль «Аланийы сæуæхсидтæ», æмæ кадджын уавæры байгом ирон академион театры.
Цæгат Ирыстоны райдыдта адæмон кæфтыты
5-æм дунеон фестиваль «Аланийы сæуæхсидтæ», æмæ кадджын уавæры байгом
ирон академион театры.
Æртæ боны республикæйы культурæйы
галуанты сæ дæсныйад æвдисдзысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Молдовæйы,
Арменийы, Гуырдзыстоны æмæ Хъалмыхъы фольклорон ансамбльтæ, фæлтæрдджын
кафджытæ сфæлдыстадон къордтæн араздзысты ахуыртæ, ацæудзысты
фембæлдтытæ. Театры фойейы байгом национ уæлæдарæсы равдыст дæр.
Фестиваль фæуыдзæн стыр концертæй. Абон та 18 сахаты æмæ 30 минутыл
Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры концерт ратдзæн
Республикæ Молдовайы адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Жок».
Йæ аивадон разамонæг æмæ сæйраг балетмейстер у Советон Цæдисы æмæ
Молдæвийы адæмон артист Владимир Курбет.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)