филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:12 пятница, 15 ноября 2024
11 октября 2012, 10:45
Цæгат Ирыстоны æвзарæн хайæдтæ цæттæ сты 14-æм октябры Парламенты æвзæрстытæм

Уый тыххæй абон центрон æвзарæн къамисы æмбырды фехъусын кодта Кадиты Константин. Нæ республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар ма куыд загъта, афтæмæй партитæ ныртæккæ сты тынг активон.

Уый тыххæй абон центрон æвзарæн къамисы æмбырды фехъусын кодта Кадиты Константин. Нæ республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар
ма куыд загъта, афтæмæй партитæ ныртæккæ сты тынг активон. Æдæппæтæй
хыгъды ис 17 партийы. Кæд æмæ фæстаг æвзæрстыты 5 йеддæмæ нæ уыдысты,
уæддæр. 347 æвзарæн участокы хъæлæс кæнынæн æвæрд æрцыд æмбæлгæ техникæ.
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æвзæрстыты агъоммæ бон рад хæсдзысты
карздæр фæткмæ гæсгæ. Сбæрæг кæндзысты æппæт хайæдтæ. Алкæцыйы дæр дзы
уыдзæн фæйнæ цыппар барадхъахъхъæнæджы. Ныридæгæн уал участоктæ сбæрæг
кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ, аиуварс кодтой
аиппдзинæдтæ. Инструкцитæ байуæрстой зынгсирвæзтыты ныхмæ мадзæлтты
тыххæй. 14-æм октябры республикæйы æппæт районты дæр рад хæсдзысты
энергетикты æмæ бастдзинады кусджыты аварион бригадтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania