филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:42 пятница, 15 ноября 2024
12 октября 2012, 10:15
Республикæйы хицауад æрныхас кодта сæрмагонд программæтæн æхца радих кæныныл

Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 20 фарстайæ фылдæр.

Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 20 фарстайæ фылдæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Суворовы номыл
æфсæддон училищæ лæвæрд æрцыд республикæйы ахуырады æмæ наукæйы
министрадмæ. Арæзт дзы æрцыд Дзæуджыхъæуы кадетты корпус. Хицауад сфидар
кодта кусæндоны ахуыргæнджытæн æмæ кусджытæн мызд фидыны фæтк.

Æрдзырдтой республикон программæтæ
æххæст кæныны фарстайыл дæр. Ныридæгæн сты 65. Такъоты Сергей бадомдта
Хицауады уæнгтæй, цæмæй программæтæ аразгæйæ, нысан кæной, сæххæст кæнæн
кæмæн ис, æрмæстдæр ахæм мадзæлттæ.

Заводскойы æмæ Южныйы поселоктæ
Дзæуджыхъæуы хайыл нымад кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ рахастой уынаффæ,
автобусты фæндаггаг горæты æргътимæ иухуызон кæй уыдзæн, уый тыххæй.

Бæлвырд уынаффæтæ рахастой фæндæгтæ цалцæг кæныны фарстаты фæдыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania