Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 14-æм октябры Парламенты æвзæрстытæм æппæт æвзарæн хайæдтæ сты цæттæ. Æвзæрстыты агъоммæ республикæйы цæрджытæм фæсидт Мамсыраты Таймураз.
Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы
хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 14-æм октябры Парламенты æвзæрстытæм æппæт
æвзарæн хайæдтæ сты цæттæ. Æвзæрстыты агъоммæ республикæйы цæрджытæм фæсидт Мамсыраты Таймураз.
Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг: «Зынаргъ æмбæстонтæ! 14-æм октябры, хуыцаубоны, ацæудзысты
республикæйы Парламентмæ æвзæрстытæ. Радон хатт нæ хъæуы Парламент
сфидар кæнын. Хъуамæ уой профессионалтæ, закъонæвæрынады зæрдиагæй чи
архайдзæн, ахæм бæрнон адæм. Ныртæккæ 17 партийы кæнынц æвзæрстыты
агъоммæ куыст. Арæзт сын æрцыд æппæт уавæртæ. Фæлæ фæстаг рæстæг фæзынд
информаци, партитæй иуы фарс рахæцыны тыххæй нæ республикæмæ кæй цæуынц
адæм Дагестанæй, Цæцæны республикæйæ, Кæсæ-Балхъарæй. Уый фæдыл æз ныхас
кодтон ацы республикæты разамонджытимæ. Уыимæ курын барадхъахъхъæнæг
оргæнтæй, Æдасдзинады Федералон Службæйы æмæ прокуратурæйы кусджытæй
æнæмæнг хъæугæ мадзæлттæ саразын, æмæ ацы ныхæсты рæстдзинад сбæрæг
кæнын, стæй нæ республикæйы сабырдзинад фехалын ма бауадзын. Ирон адæм
уазæгуарзон сты. Мах стæм асджын æхсæнад, æмæ нæ, куыд цæрын хъæуы, ууыл
ахуыр кæнын нæ хъæуы. Алы уазæгыл дæр зæрдиагæй бацин кæндзыстæм, фæлæ
нæ хъуыддæгтæм хъуамæ мачи бар дара. Мæхæн не ‘взæр æмæ нæ хуыздæр
нæхицæй хъуамæ уа. Æмæ нæ зондамонджытæ ницæмæн хъæуынц. Мах нæхæдæг нæ
хорз дæр зонæм, æмæ не ‘взæр дæр зонæм. Нæхимæ уыйас хъару ис, æмæ нæ
хабæрттæ нæхæдæг скæндзыстæм».