филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:23 пятница, 15 ноября 2024
15 октября 2012, 10:28
Абон 153 азы сæххæст ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл

Абон 153 азы сæххæст ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Поэт, публицист, рухстауæг æмæ нывгæнæджы гуырæн боны кадæн республикæйы цæуынц алыхуызæн мадзæлттæ.

Абон 153 азы сæххæст ирон литературæйы
бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Поэт, публицист, рухстауæг
æмæ нывгæнæджы гуырæн боны кадæн республикæйы цæуынц алыхуызæн мадзæлттæ.

Ирон аргъуаны поэты цыртдзæвæныл адæм
æвæрынц дидинджытæ. Нары саргъуыдтой сыгъдæг Георгийы аргъуаныл.
Къостайы музей-хæдзары байгом равдыст. Фенæн дзы ис, бирæ азты размæ
поэтæн цы уацмысты æмбырдгондтæ рацыд, уыдон. Сты дзы йæ къухфыстытæ дæр
æмæ йæ нывтæ. Сæрмагонд равдыст байгом Мæздæджы дæр. Къостайы уацмыстæ
зындгонд сты канд Ирыстоны æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр.
Цыртдзæвæнтæ æвæрд ын æрцыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны,
Санкт-Петербурджы, Стъараполы, Пятигорскы, Болгари æмæ Лондоны.

Гаглойты Савва, Дзæуджыхъæуы æмæ
Махачкалайы епархийы секретарь: «Махæн Къоста нæ сомыгæнæн лæг у. Абон у
йæ гуырæн бон æмæ нæ алчидæр йæ хæсыл банымадта, æрбацæуын йæ ингæнмæ
æмæ йыл дидинджытæ сæвæрын. Алчидæр нæ хъуамæ архайа, цæмæй йæ фæста кæй
ныууагъта, уыдон дарддæр рæсугъдæй хæссой ирон лæджы кадджын ном».

Сиукъаты Азæмæт, аивæдты колледжы 2-æм
курсы студент: «Мах абон музæйы Къостайы номыл скодтам бæрæгбон. бацæттæ
кодтам сæрмагонд программæ зарджытæ æмæ инсценировкæтимæ. Равдыстам дзы
Къостайы цард. Æмæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ Къостайы ном æрмæст бæрæгбон
мысæн нæ хъæуы, фæлæ алы бон дæр. Ууыл архайæм мах дæр нæ колледжы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania