Къостайы сурæт, йæ зæрдæйы арфы дары чысыл лæппу Джыккайты Артур. Йæ фæлгонц йын аразы пластилинæй.
Къостайы сурæт, йæ зæрдæйы арфы дары чысыл лæппу Джыккайты Артур. Йæ фæлгонц йын аразы пластилинæй.
Йæ
гыццылæй фæстæмæ Джыккайты Артурæн йæ уд йæ цæст – пластилæнæй исты
цæрæгойты æмæ аргъæутты хъайтарты кæнын. Скъоламæ куы бацыд æмæ Къостайы
сфæлдыстадимæ хуыздæр куы базонгæ, уæд та йе стырдæр бæллиц сси,
Ирыстоны номдзыд хъæбулы фæлгонц скæнын. Æвзонг скульпторыл 10 азы
йеддæмæ нæ цæуы, фæлæ ныридæгæн дæр йæ рæзгæ уд хорз æнкъары йæ алыварс
адæмы миддуне. Æнкъары Къостайы уацмысты хъайтарты нкарæнтæ æмæ сæ
зондахаст. Æвæццæгæн ын уымæн афтæ хорз рауайынц. Лæвар та сæ кæны,
æрмæстдæр ын зынаргъ æмæ уарзон чи у, уыцы адæмæн.
Козаты Зинæидæ, Джиккайты Артуры мады
мад: «Мæнæ æрæджы йæ мадæн гуырæн бон уыд æмæ йын балæвар кодта Къостайы
гыццыл скульптурæ. Тынг æй уарзта йæхæдæг, фæлæ йæ йæ мадæн нæ бавгъау
кодта. Стæй ма бирæ цыдæртæ скæны. «Æрра фиййыу», «Хъуабады»,
«Сидзæргæс»… Уарзы кæнын ирон адæмы æгъдæуттæ кæм зынынц, ахæм
композицитæ дæр. Стæй скъолайæ къуыддæр æрбацæуы, афтæ уайртагъддæр йæ
стъолы цур абады. Æмæ йæм уæд дзургæ дæр ма скæн. Фæлæуу, зæгъгæ,
фæкæны… Æмæ цалынмæ нæ фæуа, уæдмæ нæ сыстдзæн».
Артур арæх æрбацæуы Къостайы
цыртдзæвæнмæ. Абады йæ уарзон поэт æмæ фыссæджы фарсмæ. Æмæ æгомыгæй
йемæ ныхас кæны. Цæуыл вæййы сæ ныхас, уый никæмæн схъæр кæны, фæлæ
хæдзармæ куы ссæуы, уæд уайтагъддæр абады йе стъолы уæлхъус æмæ сфæлдисы
ног персонажты. Йæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у, адæмон
хъайтар æцæгæй цавæр уыд, уый раст равдисын. Æнæ ивддзинæдтæй. Кæннод
никæй бауырндзæн.
Уырыймæгты Людмилæ, Дзæуджыхъæуы 5-æм
гимназы директоры хæдивæг: «Мадзура у, Артур. Фæлæ дзургæ цас нæ кæны,
уый бæрц йæ къухтæ арæхсынц. Аивæй æвдисæнц йæ зонд, йе нкъарæнтæ, йæ
уарзондзинад Къостамæ дæр, йе сфæлдыстадмæ дæр. Бæрæг у йæ райгуырæн
бæстæ бирæ кæй уарзы, уый. Йæхи сбаста аивадимæ, ис æм курдиат дæ рæмæ
йыл дарддæр куы куса, уæд дзы мæнмæ гæсгæ исты рауайдзæн».
Абон æппæт Ирыстоны бæрæг кæнынц
Къостайы гуырæн бон. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæджы кадæн
арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Фæлæ, æвæццæгæн, æппæтæй зынаргъдæр
уый у æмæ Артуры хуызæн рæзгæ удтæ сæ зæрдæмæ арф кæй айсынц Къостайы
цард æмæ сфæлдыстад.
Зыхъуаты Жаннæ