филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:43 воскресенье, 22 сентября 2024
16 октября 2012, 09:56
Ивгъуыд къуырийы кæрон ацыд Къостайы преми райсыны къамисы æмбырд

Ивгъуыд къуырийы кæрон ацыд Къостайы преми райсыны къамисы æмбырд. Амыдта йæ Хабыцты Ларисæ. Æдæппæтæй æркастысты 9 авторы куыстытæм.

Ивгъуыд къуырийы кæрон ацыд Къостайы
преми райсыны къамисы æмбырд. Амыдта йæ Хабыцты Ларисæ. Æдæппæтæй
æркастысты 9 авторы куыстытæм.

Мæйæ фылдæр къамисæн фадат уыд, Къостайы
преми райсынмæ цы куыстытæ балæвæрдтой, уыдонмæ æркæсынæн. Къамисы
разамонæг Хабыцты Ларисæ куыд бафиппайдта, афтæмæй, фыццаджыдæр, кæсын
хъæуы, ирон адæмы культурæйы рæзтмæ чи цавæр æвæрæн бахаста, уымæ. Преми
лæвæрд цæуы дыууæ номинацийы – литературæйы къабазы æмæ аивады.
Æдæппæтæй та къамис каст 9 авторы куыстытæм.

Мæргъиты Таймураз, РЦИ-Аланийы
нывгæнджыты цæдисы сæрдар: «Хуыздæрты равзардзыстæм литерутрæ æмæ
аивады. Хорз æмæ кандидаттæ фаг сты. Тынг æхсызгон мын у, нæ цæдис 3
кандидатурæйы кæй сбæлвырд кодта».

Хъæлæс кæныны размæ къамисы уæнгтæ алы
куыстыл дæр хицæнæй æрдзырдтой. Куыд загътой, афтæмæй мæты æфтауы,
куыстытæ бирæ кæй не сты, уыцы уавæр. Уымæ гæсгæ фæсидтысты, æрыгæттимæ
чи архайы, уыцы ведомствоты разамонджытæм, цæмæй фылдæр кусой
курдиатджын фæсивæды иртасыныл æмæ сын алывæрсыгæй æххуыс кæныныл, цæмæй
разæнгард кæной нæ адæмы культурæ хъæздыгдæр кæнынмæ.

Ходы Камал – РЦИ-Аланийы фысджыты цæдисы
сæрдар: «Къостайы преми дæттын хъæуы, канд курдиатджын адæймагæн нæ,
фæлæ ма Къостайы миниуджытæй хайджын чи у, йæ адæмы чи уарзы, ныфсхыст
чи у, раст чи дзуры цардыл дæр, аивадыл дæр, ахæм адæймаг. Æмæ ма уымæ
стыр курдиат куы бафтауай, уæд уый арæх нæ вæййы. Алы аз æй куы нæ
дæттикам, фæлæ стæмдæр хатт, уæд кадджындæр уаид. Æмæ преми дæр фылдæр
куы уаид, уæд растдæр уаид, ныры рæстæг хынцгæйæ».

Сусæгæй схъæлæс кæныны хатдзæгтæм гæсгæ,
Къостайы номыл преми райсыны аккагыл литературæйы нымад æрцыд Кокайты
Тотрадз, зарджытæ кæй бындурыл скодтой, уыцы æмдзæвгæты æмбырдгонды æмæ
Микеланджело Буанароттийы сонетты ирон æвзагмæ тæлмацты тыххæй. Аивады
къабазы та преми райсдзæн Абысалты Юрий йæ нывты тыххæй.

Фæрниаты Мæдинæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania