филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:54 воскресенье, 22 сентября 2024
16 октября 2012, 09:58
Центрон æвзарæн къамисы æркастысты бюллетенты 100%

Куыд зонут, афтæмæй 14 октябры Цæгат Ирыстоны ацыдысты Парламентмæ æвзæрстытæ. Уæлдæр закъонæвæрынады хицауад хъуамæ арæзт æрцæуа 70 депутатæй, уыдонæй 35 сты партиты хыгъдтæй

Куыд зонут, афтæмæй 14 октябры Цæгат
Ирыстоны ацыдысты  Парламентмæ æвзæрстытæ. Уæлдæр закъонæвæрынады
хицауад хъуамæ арæзт æрцæуа 70 депутатæй, уыдонæй 35 сты партиты
хыгъдтæй, 35 та иумандатон зылдтæй. Уыдон равзарынæн республикæйы куыста
347 æвзарæн хайады. Депутатты мандаттыл тох кодта 17 политикон партийы
æмæ 258 кандидаты.

Кæронбæттæны хатдзæгтæ республикæйы
цæрджытæ базондзысты 18-æм октябры. Нырма уал фидарæй зæгъæн ис
иумандатон зылдты кæй цæудзæн 2-аг тур.

Центрон æвзарæн къамисы æркастысты
бюллетенты 100%. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ схъæлæс кодтой æвзарджыты 45,8%.
Æппæтæй фылдæр схъæлæс кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йыл – 54,29 %.
Парламенты сæм æрхауд 38 бынаты. 19 партион хыгъдмæ гæсгæ, 19 та
иумандатон зылдтæм гæсгæ.

Дыккаг бынаты ис парти «Уæрæсейы
патриоттæ»- сæ хъæлæстæ сын радтой æвзарджыты 17,14 %. Парламенты сæм
æрхауд 12 бынаты. 11 – партитæй чи цыд, уыцы кандидаттæ, 1 та иумандатон
зылдæй. «Коммунистон парти» æмæ «Рæстдзæвин Уæрæсе»-йæ Парламенты
уыдзæн фæйнæ 4 депутаты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania