филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:34 суббота, 21 сентября 2024
18 октября 2012, 09:53
Цæгат Ирыстоны уыд хицауады хæдзары æмбырд

Цæгат Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты хатдзæгтыл æмæ политикон партитæй кæмæ цал бынаты æрхаудзæн ног парламенты, цæвæр хæстæ æвæрынц сæ размæ – ууыл ныхас цыд хицауады хæдзары æмбырды.

Цæгат Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты
хатдзæгтыл æмæ политикон партитæй кæмæ цал бынаты æрхаудзæн ног
парламенты, цæвæр хæстæ æвæрынц сæ размæ – ууыл ныхас цыд хицауады хæдзары æмбырды.

Архайдтой дзы политологтæ, историктæ,
æхсæнадон организациты минæвæрттæ, амалхъом адæм, блогертæ, уацхæсджытæ.
Куыд загътой, афтæмæй, афтæ карз тох кæм цыд, ахæм æвзæрстытæ
республикæйы фыццаг хатт ацыдысты. Цæрджытæ иузæрдион нæ уыдысты,
партитæй кандидаттæ дæр архайдтой фылдæр хъæлæстæ райсыныл.

Уыимæ республикæйы закъонæвæрынады
сæйраг оргæны фæзынд оппозици дæр.    Экспертты хъуыдымæ гæсгæ УФ-йы
Коммунистон æмæ «Рæстады Уæрæсе»- йы партитæй æнхъæлмæ кастысты хуыздæр
бæрæггæнæнтæм. Фæлæ сын æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ æвзарджытæй бирæтæ
сæ хъæлæстæ кæй нæ радтой, уый ахъуыдыйаг фарста у.

Политолог Дулаты Оледжы хъуыдымæ гæсгæ,
ацы æвзæрстытæ иннæтимæ абаргæйæ, ацыдысты дзæвгар æвзæрдæр. Ома, ныллæг
уыд æвзæрстытæм æрбацæуджыты нымæц 45%. Уыдонæй «Иугонд Уæрæсе» -йыл
схъæлæс кодтой 46,3%, УФ-йы Коммунистон парти – 10, 6%, «Рæстады Уæрæсе»
– 5,08%.

Дулаты Оледжы ныхæстæм гæсгæ, æвзарджыты
фылдæр хай партитыл нæ хъæлæс кодтой, фæлæ хицæн адæймæгтыл. Уымæн
æвдисæн «Уæрæсейы патриотты» хъæлæстæ – 26,7%. Афтæмæй парламенты
уыдзысты 4 партийы минвæрттæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ног
парламенты 38 мандаты æрхауд «Иугонд Уæрæсе»- мæ, «Уæрæсейы патриоттæм» –
12, эсертæ æмæ коммунисттæм фæйнæ 4 мандаты.
 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania