филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:31 суббота, 21 сентября 2024
18 октября 2012, 09:53
Тагъдæххуысы клиникон рынчындон Уæрæсейы нымад æрцыд хуыздæртæй иуыл

Тагъдæххуысы клиникон рынчындон Уæрæсейы нымад æрцыд хуыздæртæй иуыл. Мæскуыйы наукон иртæстыты институт «Статэксперт» ахæм конкурс саразы алы къабæзты, алы аз дæр. Ныр дæр та иртæстыты руаджы бæрæг кодта хуыздæр рынчындон.

Тагъдæххуысы клиникон рынчындон Уæрæсейы
нымад æрцыд хуыздæртæй иуыл. Мæскуыйы наукон иртæстыты институт
«Статэксперт» ахæм конкурс саразы алы къабæзты, алы аз дæр. Ныр дæр та
иртæстыты руаджы бæрæг кодта хуыздæр рынчындон. Нæ бæстæйы медицинон
куыстуæттæй 52-йы архайдæн скодтой стыр аргъ æмæ сын саккаг кодтой
конкурсы лауреаты ном.

Цæруаты Беллæ тагъдæххуысы клиникон
рынчындоны кусы 40 азæй фылдæр. Фыццаг уыд дохыр, ныр та у реанимацийы
хайады хицау. Куыд зæгъы, афтæмæй, ацы дæсныйад адæймагæн Хуыцауæй
лæвæрд куы нæ уа, уæд дзы зын кусын у. Рынчындон Уæрæсейы хуздæрты хсæн
кæй ис, уый у хуымæтæг кусджытæй аразгæ. Се ‘рвылбоны архайды руаджы сын
саккаг кодтой ахæм кадджын ном дæр.

Цæруаты Беллæ, тагъдæххуысы клиникон
рынчындоны реанимацийы хайады хицау: «Иугæр ахæм нысан радтой æнæхъæн
рынчындонæн, уæд æвзæрдæр кусæн нæй, хуыздæр йедтæмæ. Æмæ алы адæймаг,
профессор, дохтыр, санитар, се ппæт дæр архайынц хуыздæр куыстыл,
хуыздæр бæрæггæнæнтыл. Уæлдайдæр ма дын уавæртæ куы скæной, æмæ хорз
раны куы фæллой кæнай, ног кусæнгæрзтæ дын куы радтой, уæд кæцы адæмаг
æвзæр кусдзын, ахæм гæнæн нæй».

Уæвгæ, конкурс у национ æмæ арæзт æрцæуы
алы аз дæр. Мæскуыйы наукон иртæстыты институт «СТАТЭКСПЕРТ» бакодта
стыр куыст, цæмæй æнæхъæн Уæрæсейы медицинон куыстуæттæй равзара хуздæр.
Сбæрæг ис 52 рынчындоны. Цæгат Ирыстоны тагъдæххуысы клиникон рынчындон
дæр сси конкурсы лауреат. Конкурсы нысан уыд, цы лæггæдтæ кæны, стæй
куыд оперативонæй архайы медицинон куыстуат, уый сбæрæг кæнын.

Фидараты Олег, тагъдæххуысы клиникон
рынчындоны директор: «Тынг æхсызгон нын у, нæ куысты тæххæй нын ахæм
номкæй радтой. Кастысты 3 азы куыстмæ. Æнæхъæн Уæрæсейæ равзæрстой 50
рынчындоны æмæ мах дæр стæм уыдоны хсæн. Æмæ нæ бон цы уа, уый
кæндзыстæм, хуыздæр кусдзыстæм, цы уавæртæ нын ис, уыдонмæ гæсгæ».

Ныртæккæ тагъдæххуысы клиникон
рынчындоны цæуы бындурон цалцæг. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады рацарæзты
программæмæ гæсгæ рынчындоны бæстыхæйттæй иуæн ивд æрцыд йæ сæр,
хъармгæнæн системæ, доны, стæй электрон тыхы хæтæлтæ. Æппæт куыстытæн
дæр федералон бюджетæй радих кодтой 225 милуан сомы.

«Тагъд рæстæджы цалцæггонд фæуыдзæн
рынчындоны сæйраг корпус. Уыдзæн дзы цалдæр хайады. Се ппæт дæр дзуапп
дæттынц нырыккон домæнтæн. Ног уавæрты нæ куыст дæр фецондæр уыдзæн,
зæгъынц дохтыртæ».

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады рацарæзты
программæ æхæстгæнгæйæ ма 2 азмæ тагъдæххуысы клиникон рынчындонæн
радтой нырыккон кусæнгæрзтæ дæр. Сæ иумæйаг аргъ у 200 милуаны бæрц.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania