филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:33 суббота, 21 сентября 2024
18 октября 2012, 09:57
Дзæуджыхъæуы райдайдзæн проект «Архайæм иумæ сывæллæтты пайдайæн»

Абон Дзæуджыхъæуы райдыдыта проект «Архайæм иумæ сывæллæтты пайдайæн»-мæ гæсгæ арæзт 4-æм регионалон конференци. Бæстæйы 15 регионтæй дзы архайынц

Абон Дзæуджыхъæуы райдыдыта проект
«Архайæм иумæ сывæллæтты пайдайæн»-мæ гæсгæ арæзт 4-æм регионалон
конференци. Бæстæйы 15 регионтæй дзы архайынц паддзахадон æмæ
муниципалон хицауады, стæй сидзæртыл аудыны æмæ сæм цæстдарыны оргæнты
минæвæрттæ, сывæллæтты бартæ хъахъхъæнджытæ æмæ социалон куысты
специалисттæ. Конференцимæ ма ссыд дунеон эксперт Великобританийæ Хелен
Джонс.

Конференции куыд цæуы, уыимæ уæ базонгæ кæндзыстæм не рмæджы.

Конференцийы бацархайынмæ æмæ сывæллæтты
бартæ хъахъхъæныны фæдыл фарстатæм æркæсынмæ Ирыстонмæ ссыдысты 60
адæймаджы Уæрæсейы 15 регионæй. Республикæйы разамынды номæй сын арфæ
ракодта Хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Ирыстоны, æнæ
ныййарджытæй чи хъомыл кæны, ахæм сывæллæтты нымæц, фæллой æмæ социалон
рæзты министрады архайды фæрцы зынгæ фæкъаддæр. Йæ бартæ кæмæн байстой,
ахæм ныййарджыты нымæц дæр фæкъаддæр, æмæ уымæ гæсгæ мах фæлтæрддзинад
бирæтæ нымайынц фæзминагыл.

Елхъанаты Эльмæ, Рахизфарсы районы
социалон хъахъхъæнынады управленийы сæргълæууæг: «Махмæ сывæллон бæрзонд
æвæрд у адæймагæн йæ уды. Йæхицæн уыйбæрц нæ сараздзæн, йæ сывæллонæн
цас скæндзæн. Уыцы фарстамæ мæ лæмбынæгæй кæсынц нæ республикæйы
Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Хицауад. Доклад чи кодта, уыдон æппæт
дæр загътой, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны куыд кæсынц ацы фарстатæм, фæллой
æмæ социалон рæзты министр Тугъанаты Ларисæ куыд зæрдиагæй кæсы, афт
бирæ рæтты нæу».

«Сывæллæтты сæраппонд архайæм иумæ» –
афтæ хуыйны дунеон проект, кæцы кусы Уæрæсейы дæр. Йæ разамонæг Джоанна
Роджерс куыд бафиппайдта, афтæмæй проекты цас фылдæр архайджытæ уа,
уыйас фылдæр сывæллæтты бартæ уыдзысты хъахъхъæд. Уæрæх авналæнтæ дæтты
Интернет дæр фарстатыл ныхас кæнынæн.

Джоанна Роджерс, проект «Сывæллæтты
сæраппонд архайæм иумæ»-ы директор: «Цæгат Ирыстоны сидзæр сывæллæтты
æвдисæнтæ сты хуыздæр, ома сæ нымæц у къаддæр, Уæрæсейы иннæ регионтимæ
абаргæйæ. Уый махæн цымыдисаг у, уæ республикæйы фæлтæрддзинад базонын
дæр ахсджиаг у, æмæ нæ фæнды, цæмæй уæ республикæйы специалисттæ дæр
архайой мах проекты. Махмæ афтæ кæсы, æмæ Ирыстоны сидзæр сывæллæттæ
къаддæр кæй ис, уый иуæй баст у, æхсæнады цы æгъдау ис, уыимæ, стæй
паддзахадон органты, фæллой æмæ социалон рæзты министрады дæсны
архайдимæ».

Сывæллæттæм хъус дарыны фарстаты æппæт
субъектты иумæйаг стандарттæн уæвæн нæй, уымæн æмæ фадæттæ дæр алыхуызон
сты, адæмы хæттыты æгъдæуттæ дæр. Дунеон эксперт Хелен Джонс æрдзырдта
сывæллæтты уавæр бæрæг кæнæг æвдисæнтыл.

Конференци цæудзæн дыууæ боны æмæ фадат
ратдзæн хъæздыг фæлтæрддзинад базонынæн. Уазджытæн равдисдзысты, сидзæр
сывæллæттæ кæм хъомыл кæнынц, уыцы кусæндæттæ.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania