филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 21 сентября 2024
18 октября 2012, 10:15
Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Чеджемты Æхсары юбилеймæ арæзт æрцыд æркаст «Стъалыты æхсæрдзæн»

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, курдиатджын поэт-зарæггæнæг Чеджемты Æхсары райгуырды 75 азы юбилеймæ арæзт æрцыд литературон – музыкалон æркаст «Стъалыты æхсæрдзæн».

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, нæ
республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, курдиатджын поэт-зарæггæнæг
Чеджемты Æхсары райгуырды 75 азы юбилеймæ арæзт æрцыд литературон – музыкалон æркаст «Стъалыты æхсæрдзæн». Йæ архайджытæ сæ дæсныйад æвдыстой æмдзæвгæтæ аив кæсынæй æмæ зарынæй.

75 азы размæ Заманхъулы сæрмæ арвыл цы
стъалы райгуырди, уый басгуыхти, сси адæмы уарзон хъæбул. Бирæ азты
дæргъы æмбæлыд Иры къæсæртыл йæ фæлмæн æмæ удлæууæн фарн. «Стъалыты
æхсæрдзæн» афтæ хуынд Æхсарæн йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд. Йæ фыццаг
æмдзæвгæтæ, йæ фыццаг æнкъарæнтæ уайтагъд ссардтой фæндаг адæмы
зæрдæтæм.

Хабæты Риммæ, жюрийы уæнг: «Æхсар стыр
адæймаг у. Планетарон куы зæгъон, уæд дæр нæ фæрæдийдзынæн. Йæ зарджытæ,
йе сфæлдыстад ын нæ кæстæр фæлтæр куы зоной, уæд никуы ферох кæндзысты
сæ мадæлон æвзаг æмæ райгуырæн бæстæ. Æмæ сæ уарздзысты. Ахæм конкурстæ
аразын хъæуы, цæмæй сæ фидæны фæлтæртæ зоной».

Æркасты архайджытæ – Ирыстоны
курдиатджын æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ сæ дæсныйад æвдыстой æмдзæвгæтæ
аив кæсынæй æмæ зарынæй. Конкурс арæзт æрцыд дыууæ турæй. Жюрийы уæнгтæ,
сфæлдыстæды æмæ наукæйы кусджытæ равзæрстой сæ хуыздæрты.

Сечъынаты Альбинæ, проекты автор:
«Æхсары зарджытæ æмæ йе мдзæвгæтæ цæмæй рох ма уой æмæ сын сæ нысаниуæг
кæстæртæ æмбарой, уый тыххæй мæ бафæндыд ахæм конкурс саразын. Æхсары
сфæлдыстадыл куы рæзой, уæд сæ фидæн уыдзæн рæсугъддæр».

Конкурсы дыккаг тур ацыд ирон театры.
Алы архайæг дæр бацæттæ кодта Æхсары æмдзæвгæтæ, кæнæ йæ ныхæстыл фыст
зарæг. Мадзал саразæг Сечъынаты Альбинæ куыд зæгъы, афтæмæй æркасты
сæйраг нысан у фæсивæды ргом мадæлон æвзагмæ раздахын; цæмæй ма рох
кæной курдиатджын поэты ном, цæмæй тырной Æхсары хуызæн аив æмдзæвгæтæ
æмæ зарджытыл кусынмæ. Æркасты архайдтой республикæйы хъæуты æмæ горæтты
цæрæг фæсивæд. Жюрийы уæнгтæн кæд æнцон нæ уыд хуыздæрты равзарын,
уæддæр сæ хæс сæххæст кодтой. Æмдзæвгæ аив кæсынæй фыццаг бынæттæ
бацахстой: Габолаты Зауырбег, Гуырцъыты Лерæ, Гасанты Валерий; зарынæй –
Хъесаты Эльбрус, Гаппты Замирæ, Хъуысаты Сослан. Радиокомитеты кусгæйæ,
Æхсар бирæ азты æмбырд кодта рагон ирон цæгъдтытæ, таурæгътæ, кадджытæ,
фольклоры хъæздыг бынтæй рохуаты цы стыр хæзнатæ баззад, уыдон.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania