филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:06 суббота, 21 сентября 2024
19 октября 2012, 10:25
Электрон тыхæй æнæ закъонæй чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ тох кæнынц «Севкавказэнерго» – йы кусджытæ

Закъонхалджытæ, уыдон та арæхдæр вæййынц, бирæуæладзыгон хæдзæртты цы дуканитæ ис, уыдоны хицæуттæ электрон тых исынц, хæдзармæ цы телтæ цæуынц, уыдонæй.

Закъонхалджытæ, уыдон та арæхдæр вæййынц, бирæуæладзыгон хæдзæртты цы
дуканитæ ис, уыдоны хицæуттæ электрон тых исынц, хæдзармæ цы телтæ
цæуынц, уыдонæй. Æмæ афтæмæй цæрджыты хъæуы фидын, канд сæ фатертæм цы
электрон тых цæуы, уымæн нæ, фæлæ ма хæдзары иумæйаг нымайæнмæ гæсгæ
дæр. Уый та чысыл нæ рауайы, уымæн æмæ хойрæгтæ уæййаг цы дуканийы ис,
уый бирæ электрон тых хардз кæны. Ныртæккæ «Севкавказэнерго» – йы
кусджытæ архайынц ахæм амалхъам адæмы сбæрæг кæныныл. Зæгъæм, поселок
Спутниччы электрон тыхæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, ахæмтæ ис дыууæ
дуканийы. Уыдонæн сæ телтæ лыггонд æрцыдысты. Фæлæ сæ закъонхалджытæ
ногæй баиу кодтой æмæ дардтæр лæвар пайда кæнынц электрон тыхæй. Ахæм
дуканитæ ис Дзæуджыхъæуы дæр. «Севкавказэнерго» – йы кусджытæ куыд
зæгъынц, афтæмæй закъон чи халы, уыдоны бæдæтдзысты тæрхондонмæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania