филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:50 суббота, 21 сентября 2024
23 октября 2012, 10:16
Бæхты театр «Нартæн» ныртæккæ зын рæстæг у

Бæхты театр «Нартæн» ныртæккæ зын рæстæг у. Кæддæр æнæхъæн бæстæйыл йæ кой кæмæн айхъуыст, уыцы театр абон сабыргай цæуы заууатмæ. Йæ бон гастрольтæм ацæуын дæр нæу, ам

Бæхты театр «Нартæн» ныртæккæ зын рæстæг
у. Кæддæр æнæхъæн бæстæйыл йæ кой кæмæн айхъуыст, уыцы театр абон
сабыргай цæуы заууатмæ. Йæ бон гастрольтæм ацæуын дæр нæу, ам дæр сын
нæй фадат спектакльтæ æвдисынæн. Фæлæ артистты уырны, кæд абон нæ,
уæддæр райсом сæ уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, уый.

Кæддæр аивадуарзджыты цины уынæр кæм
хъуыст, уым ныр æрмæстдæр арæзтадон куыстыты хъæр. Театрдзаутæ тыххæй
билеттæ кæдæм æлхæдтой, уыцы бадæн бынæттæ – афтид. Артистты ныхас кæм
хъуыст – уыцы сценæйæ ныр æрмæст дымгæйы сыбар-сыбур.

Ахæм уавæрæй разы не сты нæдæр театры
артисттæ æмæ разамынд, нæдæр театруарзджытæ. Фæлæ зындзинæдтæ фылдæр æмæ
тыхджындæр сты. Раздæр театрмæ цы 8 га уыд, уыдонæй сæм 3 йеддæмæ нæ
баззад. Нæй сæрмагонд аренæ. Æгæр-мæгуыр сæм бæхдон дæр нæй.

Артисттæ, сæ бон æмæ амал куыд у, афтæ
архайынц уавæр аивыныл. Гастрольты цы æхца бакуыстой, уыдонæй ныртæккæ
аразынц бæхдон. Цалцæг кæнынц, цы бæстыхæйттæ сæм ис, уыдон. Кæнынц
арæзтадон куыстытæ. Иууылдæр сæхи хъарутæй æмæ тыхтæй.

Фæстаг рæстæг театры артисттæ фæцæуынц
гастрольтæм. Уыдысты Уæрæсейы алы горæтты, Тегераны æмæ æндæр фæсарæйнаг
горæтты. Фæлæ сæм транспорт кæй нæй, уымæ гæсгæ, сæ бон сæ бæхты семæ
ласын нæ вæййы. Æмæ цы уынæм?!…. Алы бæстæты Ирыстонæн кад чи кæны,
уыцы театрæн йæхи республикæйы кусынæн нæй уавæртæ.

Ныртæккæ театры репертуары ис ног
спектакль «Сага о Любви». Краснодары крайы цæрджытæ йæм кæсынæй не
фсæдынц æмæ сæ 3 азы фæд-фæдыл æрбахонынц сæхимæ. Ирыстоны цæрджытæ та
ацы спектакль иунæг хатт дæр нæ федтой. Кæм æй равдисой ахæм бынат сын
нæй.

Хъыгагæн, паддзахады бон нæу театрæн
баххуыс кæнын. Аивадыл иузæрдион чи у, æмæ йын æнæ пайда исгæйæ, чи
æххуыс кæндзæн, ахæм амалхъом адæм та сæм хæстæг нæ цæуынц. Цæмæй театр
бынтондæр ма фесæфа, уый тыххæй артисттæ сæхæдæг цыдæртæ аразынц.

Цы ныууаддзысты сæ фæстæ? Уымæн
алыхуызон дзуапп раттæн ис. Театры артистты уый нæ фæнды… Уырны сæ,
уавæр кæй аивдзæн æмæ та ногæй теарты сценæйы æвæрд кæй æрцæудзысты ног
спектакльтæ æмæ йæм бакæсынмæ алы рæттæй кæй цæудзысты ардæм –
Ирыстонмæ!

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania