филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:48 суббота, 21 сентября 2024
23 октября 2012, 11:22
Азербайджаны æхсæнад «Азери»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты

Сывæллæттæм лæвæрттимæ. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хæрзаудæн акци. Азербайджаны национ-культурон æхсæнад «Азери»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты.

Сывæллæттæм лæвæрттимæ. Дзæуджыхъæуы
арæзт æрцыд хæрзаудæн акци. Азербайджаны национ-культурон æхсæнад
«Азери»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзæртты
хъомылгæнинæгты. Лæвæрттæ райстой 100 сабийы. Акци ныридæгæн сси
традицион, арæзт æрцæуы алы аз дæр Хъуырман-байрамы бæрæгбоны размæ.
Сывæллæттæн тынг æхсызгон уыди, æхсæнадæй рох кæй не сты, уый.
Коцойты Аланæ, сывæллæтты хæдзар «Хуры
тыны» хъомылгæнинаг: «Мæнæн тынг æхсызгон у, уазджытæ нæм æрбацыдысты,
æрбацыдысты нæм лæвæрдтимæ. Æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй ма рынчын
кæной æмæ нæ ма рох кæной. Æмæ махæн алы хатт дæр æхсызгон вæййы,
уазджытæ нæм куы рбацæуынц, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania