филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:35 суббота, 21 сентября 2024
26 октября 2012, 14:06
Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей

Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 25 фарстайы.

Цалдæр дзы баст уыдысты паддзахадон лæггæдтæ

Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 25 фарстайы.

Цалдæр дзы баст уыдысты паддзахадон лæггæдтæ иумæйаг электрон картæйы
фæрцы кæнынимæ. Уыцы куыстæн снысан кодтой бæрнон адæмы. Ахсджиаг ныхас
цыд, дзулы аргъ кæй фæбæрзонддæр, ууыл. Такъоты Сергей хъæууон
хæдзарады, стæй экономикон рæзты министрадтæн бахæс кодта аххосæгтæ
раиртасын æмæ уавæр сраст кæнынæн хъæугæ мадзæлттæ саразын. Фидæн азы
финансон фарстатыл дзургæйæ, стыр æргом здæхт æрцыд бюджетон æмæ
хъалонтæ æмбырд кæныны политикæмæ. Йæ сæйраг нысантæ сты – бюджетон
кусджыты мызд фылдæр кæнын, алы къабазæн дæр йæхи уагæвæрд скæнгæйæ.
Æнæмæнгæй, бакусын хъæудзæн, цæмæй бюджеты хæрдзтæ фылдæр пайда хæссой
социалон-экономикон рæзтæн. Æфтиæгтæ фылдæр кæнынæн дæр хъуамæ архайой
æппæт авналæнтæй. Æркастысты ма фидæны азы бюджеты проектмæ дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania