Сты педиатрийы æмæ сывæллæтты хирургийы наукон-иртасæн институты кусджытæ.
Сывæллæтты æнæниздзинады центрмæ дохтыртæм æркастмæ æрбацыд 40 сабийæ фылдæр.
Сты педиатрийы æмæ сывæллæтты хирургийы наукон-иртасæн институты кусджытæ.
Сывæллæтты æнæниздзинады центрмæ
дохтыртæм
æркастмæ æрбацыд 40 сабийæ фылдæр. Медиктæ рабæрæг кæндзысты уæззаудæр
рынчынты æмæ сæ арвитдзысты Мæскуыйы рынчындæттæм. Фæлтæрдджын
специалисттæ ма скодтой консультацитæ цæгатирыстойнаг дохтыртæн,
сывæллæтты куыд дзæбæх кæнын хъæуы, уый тыххæй. Фæстаг азты ацы къабазмæ
чи хауы, ахæм низтæй рынчын сабиты нымæц фылдæр кæны. Уымæ гæсгæ
бынæттон дохтыртæ куыд зыгътой, афтæмæй сæм сæ мæскуыйаг æмкусджытæ кæй
ссыдысты, уымæн ис стыр ахадындзинад.
Исахъты Людмилæ, Дзæуджыхъæуы 7-æм
поликлиникæйы нефролог: «Фæстаг азты зынгæ фæфылдæр сты уыргты низтæ.
Абон мæскуыйаг дохтыртæ федтой сывæллæтты, тыхстдæр рынчынты равзæрстой.
Хъæудзæн сæ Мæскуымæ арвитын. Радтой нын хъæугæ зонындзинæдтæ. Мах сын
зæгъæм стыр бузныг. Фæндид нæ, цæмæй нæм арæхдæр цæуой æмæ уыной нæ
сывæллæтты».