филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:00 суббота, 21 сентября 2024
30 октября 2012, 15:04
Æнæнхъæлæджы уавæрты фæстиуджытæ иуварс кæныныл æрныхас кодтой республикон къамисы æмбырды

Абон уыд æнæнхъæлæджы уавæртæй хъахъхъæныны æмæ сæ фæстиуджытæ иуварс кæныны республикон къамисы радон æмбырд. Æркастысты зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны æмæ Иумæйаг диспетчерон службæ саразыны фарстатæм

Абон уыд æнæнхъæлæджы уавæртæй хъахъхъæныны æмæ сæ фæстиуджытæ иуварс кæныны республикон къамисы радон æмбырд.

Æркастысты зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны æмæ Иумæйаг диспетчерон службæ саразыны фарстатæм. Бæлвырддæр – нæ дарддæры æрмæджы.

Стыр æргомздæхт къамисы æмбырды уыд
Иумæйаг диспетчерон службæ саразыны фарстамæ. Ныридæгæн Дзæуджыхъæуы æмæ
4 районы фидаргонд æрцыдысты хъæугæ барадон уынаффæтæ, сбæрæг кодтой
бæстыхæйттæ, æмбырд кæнынц кусджыты. Стырдæр къуылмпыдзинад баст у,
æхцайы фæрæзтæ кæй нæ фаг кæнынц, уыимæ.

Мæхъиты Юрий, Алагиры районы
администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Æркастыстæм, цал адæмаджы кусдзын
Иумæйаг диспетчерон службæйы. Фæлæ æхца кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй нæ
бон нæу алцыдæр æппæт домæнтæм гæсгæ саразын. Нæй нæм кусджыты кæм
æрбынæттон кæной, уыцы бæстыхæйттæ, фæлæ кусæнгæрзтæ кæм сæвæрæм, ахæм
бынат ис Алагиры районы. Бюджетмæ курдиат арвитдзыстæм, æмæ, кæд æхцайы
фæрæзтæй фæкæсой, уæд алцыдæр скæндзыстæм, науæд районы уыйбæрц æхца
нæй».

Æркастысты зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны
фарстатæм дæр. Кæд æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон
кусæндæтты фæстаг азты зынгсирвæзтытæ не ‘рцыд, уæддæр сæ иудадзыгдæр
бæрæг кæнынц, амонынц бакусинаг фарстатæ, цæмæй æппæт бæстыхæйттæ дзуапп
дæттой æдасдзинады домæнтæн.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ
энергетикон комплекс зымæгмæ бацæттæ кæныны пъланы мадзæлттæн сæххæст
кодтой 90% фылдæр. Боныхъæд ма хъарм кæй хæссы, уый фадат дæтты куыстытæ
кæронмæ саразынæн.

Уалыты Людмилæ, республикон
гидрометеорологон службæйы разамонæг: Температурæ уыдзæн нормæйæ
бæрзонддæр, къæвдатæ та къаддæр уардзæн. Фыццаг 10 боны ранæй-рæтты
къæвдатæ рауардзæн, митмæ нæма æнхъæлмæ кæсæм. Хохы гæнæн ис, æмæ дыккаг
10 боны мит рауардзæн, уым быдырæй уазалдæр у.

Хицæнæй ма æрдзырдтой, республикæйы
горæттæ æмæ хъæуты зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныны донуæттæ цы уавæры сты,
ууыл. Иуылдæр æрцыдысты бæрæггонд, æмæ бынæттон администрацитæн амынд
æрцыд, кæм цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй æвирхъау цауты рæстæг
ахæм бынæттæй æнæ къуылымпыйæ пайдагæнæн уа, уый.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania