филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:13 понедельник, 15 декабря 2025
30 октября 2012, 15:18
Хицауады сæрдар Такъоты Сергей фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Бюрократи, бæрнон кусджыты æгъдаухæлдтытæ, тæрхондоны уынаффæтæ æнæ æххæстгондæй. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд Такъоты Сергейымæ фембæлды.

Хицауады сæрдар абон фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Бюрократи, бæрнон кусджыты æгъдаухæлдтытæ, тæрхондоны уынаффæтæ æнæ æххæстгондæй. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас

цыд Такъоты Сергейымæ фембæлды.

Хицауады сæрдар абон фембæлд
республикæйы цæрджытимæ. Уый байхъуыста, чи йæм æрбацыд, уыдонмæ се
ппæтмæ дæр. Æлкæмæндæр сæ ссардта йæ фарста алыг кæнынæн мадзал.

Зæгъæм, 82-азыдзыд Хъалæгаты Верæ 50
азæй фылдæр фæкуыста ахуыргæнæгæй. Цæрæнбонты фæцард æмдзæрæны. 2002-æм
азæй фæстæмæ та рады лæууы ног фатермæ. Фæлæ хъуыддаг размæ нæ цæуы.
Такъоты Сергæй йын зæрдæ бавæрдта, кæй йын баххуыс кæндзæн, уымæй.

Хæрзаудæн фонд «Успение»- йы минæвæрттæ
та хъаст кодтой, транспорт сæм кæй нæй, уымæй. Такъоты Сергæй фидарæй
загъта, сæхи автобус сæм кæй уыдзæн, уый.

Плиты Индианæйы та хъæуы æххуыс йæ лæппуйы сдзæбæх кæнынæн æмæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн.

Плиты Индианæ: «Йæ цæрæн бон бирæ уæд.
Такъоты Сергей бирæтæн æххуыс кæны. Йæ хъус дары алкæмæдæр. Æз дæр æм
æххуысагур æрбацыдтæн æмæ мын зæрдæ бавæрдта мæ фарстамæ мын йæ хъус кæй
æрдардзæн æмæ йæ кæй алыг кæндзæн, уый тыххæй. Тынг бузныг дзы дæн.
Иууылдæр ахæмтæ куы уаиккой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania