филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:57 суббота, 21 сентября 2024
31 октября 2012, 11:42
Павлик Морозовы уынджы цæрджытæ дæс азæй фылдæр хъаст кæнынц сæ фæндаджы уавæр æвзæр кæй у, уымæй

Дзæуджыхъæуы Павлик Морозовы уынджы цæрджытæ дæс азæй фылдæр хъаст кæнынц сæ фæндаджы уавæр æвзæр кæй у, уымæй. Хур бон – рыг, къæвда бон – цъыф. Алы куыстуæттæм хæссынц сæ курдиæттæ

Дзæуджыхъæуы Павлик Морозовы уынджы
цæрджытæ дæс азæй фылдæр хъаст кæнынц сæ фæндаджы уавæр æвзæр кæй у,
уымæй. Хур бон – рыг, къæвда бон – цъыф. Алы куыстуæттæм

хæссынц сæ курдиæттæ, фæндаджы арæзтады тыххæй. Фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй
не змæлы. Æрæджы дæр та æххуысагур бацыдысты горæты администрацимæ, уым
сын зæрдæ бавæрдтой, фæндаг 2013-æм азы аразын кæй райдайдзысты, уымæй.

 Дзæуджыхъæуы Павлик Морозовы уынджы
цæрджытæ 12 азы тыхсынц фæндаджы уавæр домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, уый
иу, фæлæ ма уынгты асæст рæстæг ацæуæн кæй нæ вæййы, уымæй. Хур бон дзы
рыг сысты, къæвда бон та – дон æмæ цъыфы бын вæййы. Уал азы сæ
курдиæттæ хæссынц алы бæрнон куыстуæттæм, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не
змæлы. Розæ Братчик цалдæр хатты æххуыс бацагуырдта дзыллон информацион
фæрæзтæй.

Розæ Братчик: «Телеуынынадæй уыд
комкоммæ эфир, æз уырдæм бадзырдтон æмæ мæ хъуыддаг бамбырын кодтой
фæндаджы тыххæй. Уыцы рæстæг цалцæг кодтой Николаевайы уынг, уырдыгæй
мах дæр бирæ нал баззад æрмæст километр, загътон , цæмæй мах курдиатмæ
дæр сæ хъус æрдарой, æмæ нын баххуыс кæной. Ам ис скъолатæ, сывæллæтты
рæвдауæндæттæ, адæм заводтæм æмæ æндæр куыстуæттæм цæуынц ауылты. Сеппæт
дæр зындзинæдтæ æвзарынц цъыф фæндагыл цæугæйæ. Уаргæ куы фæкæны, уæд
зæгъæн ис, æмæ уынгты дон раивылы. Ацы уавæр уынгæ йæ нæ фæрсгæ дæр
никуы ничи бакодта, цы æххуыс хъуаг стут, зæгъгæ. Бæрнон кусджытæй нæм
уæвгæ дæр никуы ничи уыди».

«Æрдзмæ æвзæр боныхъæд нæй»- фæзæгъынц.
Фæлæ уый зæгъæн нæй Павлик Морозовы уынджы уавæр уынгæйæ. Хур бон адæм
хæдзары рудзгуытæ байгом кæнынц стæм хатт. Машинæ уынгты куы ссæуы, уæд
та дзы рыг сысты. Асæст рæстæг дæр хуыздæр нæ вæййы, фæндаджы сæрты дон
афтæ фæкæлы, æмæ чъизи æмæ цъыфæй æддæмæ рацæуæн нал вæййы.

Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй
сæ бон нал у, рыгæй улæфын æмæ разы сты фæндаджы арæзтадмæ сæхи фæрæзтæ
дæр бахæссын. Администрацийы хорз зонынц уавæры тыххæй, ацы фарстамæ
каст цæуы рагæй. Сæрмагонд программæмæ гæсгæ фæндаг ногæй саразын нысан
кæнынц 2013-æм азы, базилдзысты бордюртæм дæр æмæ йын саив кæндзысты йæ
алыварс. Цæрджыты уырнгæ дæр нæ кæны сæ бирæ азты æнæлыггонд фарстамæ
сын се ргом кæй раздæхтой, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania