филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:49 суббота, 21 сентября 2024
31 октября 2012, 16:38
Дзулы аргъ зынгæ кæй фæбæрзонддæр, уый, æнæмæнгæй, тыхсын кæны республикæйы цæрджыты

Дзулы аргъ зынгæ кæй фæбæрзонддæр, уый, æнæмæнгæй, тыхсын кæны республикæйы цæрджыты. Министрадтæ æмæ бæрнон куыстуæттæ уавæр раиртæстой, æмæ уыцы хатдзæгтæм гæсгæ Хицауады сæрдар Такъоты Сергей сарæзта сæрмагонд æмбырд

Дзулы аргъ зынгæ кæй фæбæрзонддæр, уый,
æнæмæнгæй, тыхсын кæны республикæйы цæрджыты. Министрадтæ æмæ бæрнон
куыстуæттæ уавæр раиртæстой, æмæ уыцы хатдзæгтæм

гæсгæ Хицауады сæрдар Такъоты Сергей сарæзта сæрмагонд æмбырд. Хъæугæ
мадзæлттыл æрдзырдтой, дзулфыцæг куыстуæтты минæвæрттимæ.

Экономикон рæзты министрады
бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2009-æм азæй нырмæ дзулæн уыд уыцы иу аргъ, ссады
аргъ та рæзыд. Уыимæ ма куыстуæтты ссады æвæрæнтæ дæр нæй, иудадзыг æй
æлхæнгæ кæнынц. Ныртæккæ ныхас цæуы, дзулы аргъ дарддæр сырæзын ма
бауадзыныл. Хицауад бакуыста цалдæр мадзалыл. Дзулфыцæг куыстуæттæн сæ
бон райсын уыдзæн кредиттæ, цæмæй цалдæр мæйæн балхæной ссад ныртæккæйы
аргъæй. Процентты хай та фиддзысты бюджетæй паддзахадон æххуысы хуызы.
Фарстатæ ма ис дуканитæм дæр, уымæн æмæ уыдон цæттæ дзулы аргъыл æгæр
бирæ æфтауынц. Такъоты Сергей куыд загъта, афтæмæй хаст æрцæудзæн
уынаффæ, цæмæй 10% фылдæр ма æфтауой. Уый дæр фæахъаз уыдзæн дзулы аргъ
фæныллæгдæр кæнынæн, бæрнон куыстуæттæ та хъус дардзысты ацы фарстамæ.

Æхполæтты Олег, дзулфыцджыты иугонды
сæрдар: «Мæнæу ласæм æндæр республикæтæй, æмæ æхца дæр æндæр рæттæм
цæуы, мах зæхкусджытæ та хъуыддаджы мидæг не сты. Ныссадзæнт зæхкусджытæ
нартхоры бæсты дзулæн бæзгæ мæнæу, æмæ йæ мах æлхæндзыстæм».

Сæлбиты Верæ, Кировы районы дзулфыцæн
куыстуаты разамонæг: «Фæстаг мæйы дæргъы тынг схызт ссадæн йæ аргъ. Æмæ
нæ бон цы у, уымæй архайæм. Алцыдæр банымадтам æмæ уымæ гæсгæ скодтам нæ
дзулы аргъ. Дарддæр æй цавæр аргъæй уæй кæнынц, уый дуканитæ сæхæдæг
скæнынц».

Баскаты Верæ, «Роспотребнадзор» -ы
территориалон управленийы хайады сæргълæууæг: «Елхотты кæнынц дзул,
сæхæдæг æй ласынц дуканитæм. Уыдон та йыл уыйбæрц æфтауынц, куыстуæттæ
сæхæдæг цас не ‘фтауынц, уыййас. Æмæ Хицауады сæрдар кæй загъта, уый куы
скæной, уæд аргъ уыдзæн къаддæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania