филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 суббота, 21 сентября 2024
01 ноября 2012, 09:19
Мæздæджы скъолаты цæуы акции «Мировое рукопожатие»

Фыццæгæм скъоламæ уыцы мадзалы нысаниуаг æххæст кæнынмæ æрбацыдысты дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ. Уазджытæ æмæ фысымтæ цæттæ уыдысты хæлар ныхасмæ. Дыууæтæ дæр равдыстой се скъолаты царды тыххæй æрмæг

Фыццæгæм скъоламæ уыцы мадзалы нысаниуаг æххæст кæнынмæ æрбацыдысты
дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ.

Уазджытæ æмæ фысымтæ цæттæ уыдысты хæлар ныхасмæ. Дыууæтæ дæр равдыстой
се скъолаты царды тыххæй æрмæг, базонгæ сты кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ.
Фембæлды сæйрагдæр нысан уыд, Мæздæджы цæрæг æппæт адæмыхæттыты
минæвæрттæ, кæрæдзийы къухтæ райсгæйæ, «æгасцæуай» кæй загътой, уый.
Уымæй уæлдай ма сæ алчидæр йæ къухыл ныффыста дзырд «Сабардзинад». Акци
саразджыты уырны, фидæны ахæм фембæлдтытæ пайдайаг кæй уыдзысты
ахуырадон æмæ хъомыладон процесс фæхуыздæр кæнынæн, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania