филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:51 суббота, 21 сентября 2024
01 ноября 2012, 09:21
Абон йæ 55 азы юбилей бæрæг кæны Гуыбиаты Хъазыбег

Абон зындгонд актер, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон театры разамонæг Гуыбиаты Хъазыбегыл сæххæст 55 азы. Йæ курдиат æмæ арæхстдзинады руаджы Ирыстоны культурæмæ бахаста стыр æвæрæн.

Абон зындгонд актер, Цæгат Ирыстоны
адæмон артист, Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон театры разамонæг
Гуыбиаты Хъазыбегыл сæххæст 55 азы.

Йæ курдиат æмæ арæхстдзинады руаджы Ирыстоны культурæмæ бахаста стыр
æвæрæн. Театры æмæ кинойы ахъазыд сæдæ ролы бæрц.

Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гуыбиаты
Хъазыбег йæ курдиат адæмæн лæвар кæны ныр 30 азæй фылдæр. Щукины номыл
театралон училищæйы рауагъдон театр æмæ кинойы сарæзта бирæй ирд
сурæттæ.

Гуыбиаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы адæмон
артист, Ирон театры аивадон разамонæг: «Æз цы рольтæ ахъазыдтæн, уыдон
се ппæт дæр мæ зæрдæмæ цæуынц, мæ хъæбулты хуызæн сты. Æз сæ мæ
миддунемæ райстон æмæ цыфæнды роль дæр куы хъазыдаин, уæд дзы мæ уды
къæртт æвæрдтон. Æмæ дзы кæй рауæлдай кæнон. Сценæйыл мæ зæрдæ никуы
сивдзынæн, уымæн æмæ фыццаджыдæр æз дæн актер, уый фæстæ та разамонæг.
Æмæ куыд актер, мæнæн мæ зæрдæ æхсайы сценæмæ. Мæнæ цы сурæттæ
хъазыдтæн, уыдонæй ма искуы иу ахъаз».

Куыдзæг Хуыгаты Георы пьесæ «Фыдæлты
кад»-ы, Джыккайты Шамилы Цомахъы, Чеджемты Георы Черийы, Шекспиры
Клавдийы, кинонывты «Чермен», «Пишите письма», «В одной связке», «Чужая
игра» æмæ æндæрты. 2007-æм азы та Гуыбиаты Хъазыбегæн радтой диплом,
хуыздæр нæлгоймаджы сурæт кæй сарæзта, уый тыххæй. Кальдероны
спекталькль «Цард у фын»-ы ахъазыд къарол Бассилиойы. Фæлæ йæхæдæг куыд
зæгъы, афтæмæй йын сценæимæ цы бæллицтæ баст ис, уыдон кæронмæ нæма
сæххæст кодта.

Фидараты Альберт, РЦИ-Аланийы адæмон
артист: «Ныртæккæ канд актер нæу, фæлæ ма у театры сæргълæууæг дæр. Æмæ
йæ театрмæ нал æвдæлы. Фæзæгъын ын, цæйма, кæд дæ равдæлдзæн, æмæ иумæ
исты ахъазæм, æмæ фæзæгъы, мæхи дæр бæргæ фæнды, зæгъгæ. Æмæ йæ
цæстæнгасыл дæр бæрæг вæййы, уымæн æмæ йын уыцы курдиат Хуыцау радта».

Ирон театры аивадон разамонæгæй Гуыбиаты Хъазыбег кусы ныр цалдæр азы. Тынг архайы, цæмæй театры фидæн уа рæсугъд, ууыл.

Бытъæты Роберт, РЦИ-Аланийы адæмон
артист: «Театрæн разамынд дæттын у тынг зын ныры рæстæг. Æмæ уый у
уæззау уæз æмæ йæ Хъазыбег кадимæ хæссы, архайы. Театрдзаутæ йæ зонынц
курдиатджын актерæй, фæлæ ныр разамынд дæттын куы райдыдта, аивадон
разамонæгæй йæ куы равзæрстой, уæд дæр йæхиуыл æнæауæрдгæйæ кусы».

Ирон театры къорд æрæджы гастрольтимæ
уыд Татарстаны. Ныртæккæ та цæуынц Кæсæг-Балхъармæ æмæ Мæскуымæ. Театры
хъуамæ æнæмæнг йе сфæлдыстад æвдиса канд йæхи адæмæн нæ, фæлæ ма æндæр
рæтты дæр, зæгъы Гуыбиаты Хъазыбег. Фæнды ма йæ, цæмæй Ирон театр уа
Европæйы театртимæ æмрæнхъ. Ууыл архайдзысты иумæйагæй.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania