филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:41 суббота, 21 сентября 2024
06 ноября 2012, 09:17
Кæронмæ æрхæццæ конкурс «Ирыстоны фидæны хъæппæрисджын разамонджытæ»

Кæронмæ æрхæццæ конкурс «Ирыстоны фидæны хъæппæрисджын разамонджытæ». Жюрийы уæнгтæ – республикæйы стыр компаниты разамонджытæ, стæй амалхъом адæм, сæ сæргъы Хицауады сæрдар Такъоты Сергей

Кæронмæ æрхæццæ конкурс «Ирыстоны фидæны
хъæппæрисджын разамонджытæ». Жюрийы уæнгтæ – республикæйы стыр
компаниты разамонджытæ, стæй амалхъом адæм, сæ сæргъы

Хицауады сæрдар Такъоты Сергей афтæмæй сбæргæ кодтой 3 уæлахиздзауы.
Конкурс аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæнд сæ къухы бафтыд, æмæ
дарддæр дæр кæндзысты ахæм куыст.

Быцæу разамонæджы æмæ кусæджы, ректор
æмæ студенты, рекламон компани æмæ заказгæнæджы хсæн. Цы хæслæвæрдтæ
уыдис, уыдон конкурс аразджытæ бацæттæ кодтой рагагъоммæ. Финалистты
хъуыдис 3 минуты дæргъы уавæртæм гæсгæ архайын, æмæ раст уынаффæ
рахæссын. Афтæмæй конкурсанттæ æвдыстой сæ разамонæджы курдиат æмæ
арæхстдзинад.

Такъоты Сергей, РЦИ-Аланийы Хицауады
сæрдар: «Афтæ нæ фæзæгъынц, æмæ Ирытсоны æнæ гæртамæй æмæ æнæ зонгæйæ
куыстмæ нæ бахаудзынæ. Мæнæ ам сын уавæр уыди сæхи равдисынмæ, æмæ
куысты хабарæй дæр, æхцайы фæрæзæй дæр премитæ райстой. Æмæ сæм уыдзæн
курдиаттæ. Фæсивæдæй иу-дыууæмæ нæ цæст æрдардтам, æмæ сæм рарвитдзыстæм
сæм минæвар хицауадмæ кусынмæ».

Цæгат Ирыстоны ахæм фæсивæдон социалон
проект арæзт æрцыд фыццаг хатт. Конкурсы архайынæн лæппуты æмæ чызджыты
хъуыдис бæлвырд домæнтæ сæххæст кæнын. 500-йæ финалмæ бахæццæ сты
æрмæстдæр 10 адæймаджы.

Финалисттæн се ппæтæн дæр ис фадат
кæрæдзийы ныхмæ лæугæйæ сæ тыхтæ бавзарын. Алчидæр сæ æвæрд æрцыд царды
цавæрдæр уавæрты. Уыдонмæ гæсгæ сæ хъæуы раст уынаффæ рахæссын. Уый
хатдзæгтæм гæсгæ та жюрийы уæнгтæ рахсдзысты сæ тæрхон.

Конкурс «Уæрæсейы хъæппæрисджын
разамонджыты» дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахстой Хохойты Сослан æмæ
Къаболаты Алинæ. Уыдонæн радтой дипломтæ æмæ æхцайы премитæ. Фæсивæдон
конкурсы уæлахиздзау та сси Тотраты Аркадий, уымæн дæр радтой диплом æмæ
100 мин сомы. Ахæм конкурстæ тынг ахсджиаг сты фæсивæдæн, уымæн æмæ дзы
сæ курдиат равдисынц, зæгъы Аркадий.

Тотраты Аркадий, конкурсы уæлахиздзау:
«Хъæуынц, цæмæй фæсивæд сæхи равдисой, æмæ сæхи бавзарой алы уавæрты
дæр, æмæ йæ зоной, царды куыд вæййы, æмæ сæ царды исты уавæрты куы
бахауой, уæд æй зондзысты, куы архайын хъæуы, уый. «

Проектæн ис рæсугъд фидæн, зæгъынц
жюрийы уæнгтæ. Ацы хъуыддаг хъуамæ дарддæр дæр рæза, æмæ уæд фæсивæд дæр
кæндзæн разæнгарддæр. Конкурс фæнд кæнынц æрвылазон скæнын. Фидæны та
ма жюрийы уæнгтæ, конкурсы архайджытæ æмæ аразджытæ байгом кæндзысты
Хъæппæрисджын разамонджыты клуб. Уым цæттæ кæндзысты, разамонæджы
курдиат кæмæ ис, ахæм лæппутæ æмæ чызджыты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania