филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:46 вторник, 16 декабря 2025
06 ноября 2012, 09:34
Адæмты иудзинады боны агъоммæ фембæлдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ

Адæмты иудзинады боны агъоммæ фембæлдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Мадзал уыд Алагиры районы культурæйы хæдзары.

Архайдтой дзы нæ республикæйы разамынды æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Адæмты иудзинады боны агъоммæ фембæлдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ. Мадзал уыд Алагиры районы культурæйы хæдзары.

Архайдтой дзы нæ республикæйы разамынды
æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Хуссар Ирыстонæй уыд стыр
делегаци. Йæ хыгъды – политикон, æхсæнадон æмæ наукон архайджытæ. Сæ
аивадæй бæрæгбон срæсугъд кодтой дыууæ республикæйы зарæггæнджытæ æмæ
сфæлдыстадон къордтæ. Ныхас кодтой, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны райрæзтмæ
стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы адæймæгтыл. Кæронбæттæны сын национ
ахастдзинæдты фарстаты министр Фрайты Сослан æмæ Алагиры районы
сæргълæууæг саккаг кодтой кады гæххæттытæ.

Барахъты Артур, Алагиры районы
сæргълæууæг: «Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон, адæм иу стæм, фæлæ дыууæ фсымæры
дæр кæрæдзимæ куы нæ цæуой, уæд адард вæййынц. Абоны хъуыддаг та зæгъы
уый, æмæ иу стæм, фæлæ уæддæр алы фарс цæрæм. Кæрæдзийы фылдæр цæмæй
уарзæм, уый тыххæй национ ахастдзинæдты фарстаты министрады хъæппæрисæй
ацы хорздзинад æрцыдис Алагиры».

Хъазиты Мелитон, Хуссар Ирыстоны
фысджыты Цæдисы сæрдар: «Сæйрагдæр мæ зæгъын фæнды, нæ кæрæдзийы хъуамæ
кæй æмбарæм. Ирон адæм, афтæ бирæ не стæм, æмæ хъуамæ алы адæймаг дæр йæ
хæдзары доны агуывзæ куы райса, æмæ йæ йæхицæн хорз зæгъын куы фæнда,
уæд хъуамæ ахъуыды кæна йæ адæмыл дæр, æмæ йæ йæ адæмæн дæр хъуамæ хорз
фæнда».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania