филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 вторник, 16 декабря 2025
06 ноября 2012, 14:58
Знон Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзы фембæлд Дæллаг Новгороды командæимæ æмæ фæхæрд 0:2 хыгъдæй

«Волгæ» у 9-æм командæ, «Алани» кæмæн фæхæрд уыдонæй, уымæ гæсгæ сæйраг тренер Гæззаты Владимир фехъусын кодта, лæппутæ афтæ æвзæр кæй хъазынц, уымæй аххосджын кæны æрмæстдæр йæхи. Æмæ йæм ис фæнд командæйæ рацæуын.

«Волгæ» у 9-æм командæ, «Алани» кæмæн фæхæрд уыдонæй, уымæ гæсгæ сæйраг тренер Гæззаты Владимир фехъусын кодта,

лæппутæ афтæ æвзæр кæй хъазынц, уымæй аххосджын кæны æрмæстдæр йæхи. Æмæ йæм ис фæнд командæйæ рацæуын.

Фæлæ йæ хъуыдыимæ бирæтæ разы не сты, уый тыххæй бакæсæн ис интернет сайтты. Загъд дзы ис фылдæр домын кæй хъæуы футболисттæй.

Клубы президент Гæззаты Валерий дæр не
сразы сæйраг тренеры курдиатимæ. Загъта хæстæгдæр рæстæг командæйы кæй
æрцæудзысты ивддзинæдтæ.

Ныртæккæ «Алани» турнирон хыгъды ис
14-æм бынаты, фæлæ зæрдæ дарæн и фидæны хъæзтытыл, чемпионатæн йæ æмбис
дæр нæма ахицæн. Майрæмбоны не мзæххонтæ Мæскуыйы фембæлдзысты
«Динамо»-йы командæимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania