филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:32 суббота, 21 сентября 2024
09 ноября 2012, 09:23
Республикæйы курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц Чысыл Дельфийаг хъæзтытæм

Нывкæнынад, кино, журналистикæ, музыкалон, вокалон, театралон æмæ кафæн аивадтæ.

Республикæйы курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц Чысыл Дельфийаг хъæзтытæм.

Нывкæнынад, кино, журналистикæ, музыкалон, вокалон, театралон æмæ кафæн аивадтæ.

Республикæйы курдиатджын лæппутæ æмæ
чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц Чысыл Дельфийаг хъæзтытæм. Сæ арæхстдзинад
равдисыны фадат ноябыры кæрон уыдзæн сæдæгай лæппутæн æмæ чызджытæн.
Зæгъæм, Республикæйы фæсивæдон галуаны аивадон студийæ дзы архайдзæн 8
ахуырдзауы. Алчидæр хъуамæ конкурсы жюрийæн равдиса 2 куысты – натюрморт
æмæ пейзаж.

Хъайтыхъты Георгий, Республикæйы
фæсивæдон галуаны аивадон студийы разамонæг: «Мæнæ ацы Дельфийаг
хъæзтыты архайдзæн махæй 8 адæймаджы. хъуыдис сæ дыууæ куысты æмæ уыдон
сæ рæстæгыл радтой, цæмæй сын уа бар конкурсы архайынæн. Мæнмæ гæсгæ,
тын стыр ныфс æмæ хъару сын дæтты, куы йæ базыдтой, уæд зæрдиагæй
архайдтой. Сæ куыстытæ сты раппæлинаг».

Чысыл Дельфийаг хъæзтыты ма архайдзæн
Республикæйы физикон-математикон лицейы адæмон кафты ансамбль «Барс»
дæр. Уæвгæ, конкурсмæ йæхи цæттæ кæнынц ныр цалдæр мæйы. Уым
равдисдзысты 2 кафты – Гурийаг æмæ «Хæхты таурæгътæ».

Уртаты Æхсар, Республикæйы
физико-математикон лицейы адæмон кафты ансамбль «Барс»-ы кафæг: «Мах
нæхи цæттæ кæнæм дельфийаг хъæзтытæм. Фарон дæр дзы архайдтам æмæ
райстам æрмæстдæр дыккаг бынат. Ацы аз дæр нæ фæнды уым исты рамбулын,
цæмæй ацæуæм Уæрæсемæ æмæ дзы фенын кæнæм не гъдау, нæ культурæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania