филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:45 суббота, 21 сентября 2024
12 ноября 2012, 15:15
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады абон ацыд пресс-конференци

Хатдзæгтæ дзы скодтой, республикæйы Парламентмæ æвзæрстытæ куыд ацыдысты, уымæн. Сæ ныхæстæм гæсгæ разы сты, адæм сыл куыд схъæлæс кодтой, уымæй. Кæд æвзарæн хайæдты цавæрдæр загъдкъахæн митæ цыдысты

Хатдзæгтæ дзы скодтой, республикæйы
Парламентмæ æвзæрстытæ куыд ацыдысты, уымæн. Сæ ныхæстæм гæсгæ разы сты,
адæм сыл

куыд схъæлæс кодтой, уымæй. Кæд æвзарæн хайæдты цавæрдæр загъдкъахæн
митæ цыдысты, уæддæр æмтгæй райсгæйæ æвзæрстытæ ацыдысты хорз æмæ æнæ
къуылымпытæй.

Ныртæккæ уал Парламенты сты 64%, ома,
сæм ис 45 мандаты. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй кæронбæттæн хатдзæгтæм
гæсгæ хъуамæ уой 46-47.

Партийы регионалон хайады разамынд ацы
къуырийы кæрон фæнд кæны саразын æнæрадон конференци æмæ дзы бæстон
æрныхас кæнын фидæнмæ нысантыл, стæй сбæрæг кæндзысты парламенты
сæрдарæй равзарынмæ кæй кандидатурæ бадæтдзысты, уый.

Токаты Людмилæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы
регионалон хайады сæргълæууæг: «Мах разы стæм, æвзæрстытæ куыд
ацыдысты, уымæй. Бузныг зæгъын се ппæтæн дæр. Чи ныл хъæлæс кодта, чи
ныл æууæнды, ныфс кæмæн стæм, уыдонæн. Мæ бон зыгъын у æмæ ныр
парламенты уыдзæстæм бирæйæ æмæ нæ бон уыдзæн адæмы пайдайæн кусын.
Фидар кæнын закъонтæ æмæ æндæр барадон гæххæттытæ – республикæйы
цæрджыты цард чи фæхуыздæр кæндзæн, ахæмтæ. Разæнгардæй кусдзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania