филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:50 суббота, 21 сентября 2024
12 ноября 2012, 15:27
Цæгат Ирыстоны знон ацыд парламентмæ æвзæрстыты дыккаг тур

Архайдтой дзы, 14-æм октябры æвзæрстыты рæстæг хъæлæсты 50% чи нæ `рымбырд, кодта уыцы кандидаттæ.

Уыдысты 22 адæймаджы.

Архайдтой дзы, 14-æм октябры æвзæрстыты рæстæг хъæлæсты 50% чи нæ `рымбырд, кодта уыцы кандидаттæ.

Уыдысты 22 адæймаджы. Æвзæрстытæ та цыдысты 11 хайады Алагиры, Æрыдоны, Кировы, Мæздæджы районты æмæ Дзæуджыхъæуы.

Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ æвзарджыты хъæлæстæ адих сты ахæм хуызы:

Алагираг зылды 63,4% рамбылдта парти
«Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Ачеты Нэля, Хохаг зылды 87,8% рамбылдта
парти «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Æлбегаты Барис,  Æрыдоны – 54,5%
рамбылдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Беккуызарты Олег, Æрæфы
районы 57,5% рамбылдта парти «Уæрæсейы патриотт»-ы кандидат Хамыхъоты
Барис, Кировы районы 67,7% рамбылдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат
Гæбуты Руслан, Мæздæджы районы рамбылдта «Уæрæсейы патриотты» кандидат
Арсений Арутюнян 50,7%.

Цæгат Кавказы зылды 51,1% рамбылдта «Иугонд Уæрæсе»-йæ йæхæдæг йæхи кандидатурæ чи балæвæрдта, уыцы кандидат Хæбæлаты Олег.

Сæрмæтаг зылды 55,4%-имæ рамбылдта
«Коммунистон парти»-йы кандидат Будайчиты Нурмæхæмæт, Дайраны зылды
рамбылдта «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Касаты Таймураз. Райста 67,7%,
Мæскуыйаг зылды рамбылдта «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Суанты Вадим.
Схъæлæс ыл кодтой æвзарджыты 72,9%.

Цоколайы зылды 63,2%-имæ дæр рамбылдта «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Тменаты Сослан.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania