филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:43 суббота, 21 сентября 2024
13 ноября 2012, 09:42
Воронежы облæсты хицауады кадджын Нысан йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Дзотты Лазæрæн

Воронежы облæсты хицауады кадджын Нысан йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Дзотты Лазæрæн – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырæн. Сæрмагонд мадзал ацыд Воронежы æмæ дзы архайдтой бынæттон, стæй Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ, Дзотты мыггаджы минæвæрттæ, хæсты ветерантæ.

Воронежы облæсты хицауады кадджын Нысан
йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Дзотты Лазæрæн – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
хъæбатырæн. Сæрмагонд мадзал ацыд Воронежы æмæ

дзы архайдтой бынæттон, стæй Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ, Дзотты
мыггаджы минæвæрттæ, хæсты ветерантæ.

Ацы кадртæм Дзотты бинонтæ кæсынц ногæй
æмæ ногæй. Ам сын се дзард хъæбатырæн уæлахизы 70 азмæ саккаг кодтой
Воронежы кадджын нысан.

Дзоты-фырт разамынд лæвæрдта
фистæгæфсæддонты дыууæ взводæн. 1942-æм азы 15-æм августы Воронежы
облæсты Чижовы зæххыл æрбынат кæныны тыххæй уый йæхи баппæрста знаджы
пулеметыл, æмæ советон салдæттæн фæндаг байгом кодта. Йæ уыцы
хъæбатырдзинадæн ын стыр аргъ кæнынц абон дæр.

Зæнгионты Георгий, хæсты æмæ фæллойы
ветеран: «Стыр дæр хорздзинад та уыд уый, æмæ Лазæрæн кадджын нысан кæй
саккаг кодтой, уый. Радтой йæ Лазæры хæстæгæн æмæ йæ Ирыстонмæ сластам.
Арфæ ракодтой æппæт ирон адæмæн дæр ахæм хъæддых адæм кæй сты, уый
фæдыл. Стыр кад скодтой Воронежы хицауад дзотты Лазæрæн дæр æмæ
Ирыстонæн дæр».

Георгий куыд зæгъы, афтæмæй, Дзотты
Лазæры скъолайы хъуыды кæны, куыд хъæддых лæппу, афтæ. Уыд истоийы
ахуыргæнæг. Хъæбатырдзинады уроктæ дæтгæйæ, æвæццæгæн, йæ хъуыдыйы дæр
никуы уыд, цыбыр рæстæгмæ сæ йæхиуыл бавзардзæн, уый. Ныр Дур-Дуры
скъоладзаутæ иууылдæр зонынц, се мзæххон йæ амæлæты размæ йæ тугæй цы
писмо ныффыста, уый ныхæстæ.

Гæнойты Хъазыбег, Скъолайы директор:
«Дур-Дуры цæрджытæ иууылдæр зонынц Лазæры хабæрттæ. Ахуыр кодта мæнæ ацы
скъолайы. Каст æй куы фæци уæд бацыд æфсæддон училищмæ. Йæ
хъæбатырдзинадæй стыр кад æрхаста Ирыстонæн, уæрæсейæн».

Лазæрь цы æфсымæрон ингæны ис, ууыл
Ирыстоны делегаци сæмбæлын кодта йæ мадæлон зæххы хай. Уырдыгæй та
Дзотты Лазæры ингæны зæххы хай сæрвыстой Дур-Дурмæ, хъæбатыры райгуырæн
хъæумæ. Уымæй уæлдай ма сын балæвар кодтой хъæбатыры хуызист, стæй кады
нысан «Воронежы зæххæй Бузныг».

Дзотты Алан, Дзотты Лазæры хæстæг:
«Фæнды мæ ацы зæхх ныккæнын Лазæры ныйарджыты ингæнтыл. Йæ къам та йын
раддзынæн цы скъолайы ахæуыр кодта уырдæм. уадз æмæ кæстæр фæлтæртæ сæ
хъæбатырты зоной. Зæхх цы къоппы уыди, уый та раддзыстæм Дигорай
музеймæ. Воронежы нæ баластой йæ номыл цы уынг ис, уырдæм. Йæ цæрджытæ
иууылдæр зонынц Лазæры хъæбатырдзинады кой».

Дзотты Лазæры ном сæнусон кæныны тыххæй
Дур-Дуры дæр йæ номыл схуыдтой скъола, уынг, стæй сæ хъæуы намысы аллея.
Ныр Дзотты Лазæры фæдонты сæйраг тыхст у, сæ кадджын хистæрæн хъæбатыры
кадджын ном куыд саккаг кæной, ууыл бацархайын. Хъыгагæн цæмæдæр гæсгæ,
йæ хъæбатырдзинад фæсаууон баззад.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania