филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:11 воскресенье, 01 февраля 2026
14 ноября 2012, 08:57
Компани «Ростелеком» расидт конкурс «Интернетæй æдасæй пайда кæнын»

Интернеты цы зианхæссæг æрмæг ис, уымæй сывæллæтты бахъахъхъæнын. Ахæм нысанимæ компани «Ростелеком» расидт конкурс «Интернетæй æдасæй пайда кæнын». Архайдзысты дзы ахуыргæнджытæ Уæрæсейы алы регионтæй.

Интернеты цы зианхæссæг æрмæг ис, уымæй
сывæллæтты бахъахъхъæнын. Ахæм нысанимæ компани «Ростелеком» расидт
конкурс «Интернетæй æдасæй пайда кæнын». Архайдзысты дзы

ахуыргæнджытæ Уæрæсейы алы регионтæй. Алчидæр сæ хъуамæ конкурсы
равдиса, сывæллæттимæ цавæр программæмæ гæсгæ архайынц, уый. Хуыздæр
куыстытæ рапарахат кæндзысты бæстæйы скъолатыл.

Информатикæйы ахуыргæнæг Ирина Молчанова
куыд зæгъы, афтæмæй интернеты йæхи бахъахъхъæнын хъуамæ зона алы
скъоладзау дæр. Сывæллæтты æнæмæнг хъæуы бацæттæ кæнын информацион
æхсæнады цæрынмæ. Уæвгæ, Иринæ ныридæгæн конкурсы архайынмæ курдиат
балæвæрдта. Цы методикæ рахаста адæмы размæ, уый сæйраг мидис у,
хъæлæсгæнгæйæ сбæрæг кæнын сывæллæтты хъуыды. Æмæ афтæмæй архайын
скъоладзауты бахъахъхъæнын интернеты цы æвзæр фæзындтæ ис, уыдонæй.

Ирина Молчанова, Дзæуджыхъæуы
физикон-математикон лицейы информатикæйы ахуыргæнæг: «Цы программæйыл
бакуыстон, уый бындуры æвæрд æрцыд интерактивон методикæ, ома,
сывæллæттæ цы дзуæппытæ радтой программæйы фæрстатæн, уыдонмæ гæсгæ
дарддæр арæзт цæуы урочы пълан. Фылдæр æргом здæхт цæуы сывæллæттæ раст
дзуапп цы фарстатæн нæ радтой, уыдонмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ппæт
фарстатæ дæр баст сты интернеты æдасдзинады темæимæ».

Наукон-инновацион педагогон иртæстыты
æппæтуæрæсеон конкурс «Интернетæй æдасæй пайда кæнын» цæуы фыццаг хатт.
Йæ саразыныл бакуыстой компани «Ростелеком» Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ
наукæйы министрады æххуысæй. Æппæт Уæрæсейы æвзæрст æрцæудзысты хуыздæр
куыстытæ. Уыдонæй та скæндзысты интернетæй пайда кæныны сæрмагонд
æдасдзинады программæ. Ахъаз уыдзæн скъоладзауты ахуырадæн, зæгъынц
наукон ерыс аразджытæ.

Татьяна Дячук, гом акционерон æхсæнад
«Ростелеком»-ы пресс-службæйы разамонæг: «Конкурсы сæйраг хъуыды у –
æрмæг æрæмбырд кæнын. Наукон ерысы руаджы бирæ ногдзинæдтæ куы базонæм,
интернетæй æдасæй пайда кæныны хъуыддаджы, уæд хуыздæр бындур æвæрд
æрцæудзæн цы ног программæ арæзт æрцæуа, уымæн. Нæ сабитæ сты нæ иумæйаг
хæзна. Æмæ сæ хъæуы интернеты цы алыхуызон æнæхъæугæ æмæ заинхæссæг
æрмæг ис, уымæй бахъахъхъæнын. Хъуамæ цы сайттæй пайда кæнынц, уыдон уой
хæрзхъæд æмæ мидисджын».

Конкурсы ис æртæ номинацийы. Уыдонæй алы ахуыргæнæгæн дæр йæ бон у равзарын кæцыйы архайдзæн, уый.

Конкурсы архайыны бар ис куыд райдайæн,
афтæ хистæр кълæсты ахургæнджытæн дæр. Уый тыххæй сæ хъæуы сайт
safe-internet.ru-йы регистраци скæнын, курдиат бадæттын æмæ æрмæг
арвитын. Уый хъæуы бакæнын 10-æм декабрмæ. Куыстытæм сайты равæрыны
агъоммæ хъуамæ æркæса сæрмагонд къамис.

Ныридæгæн уал конкурсы архайынмæ Цæгат
Ирыстонæй сæ курдиат балæвæрдтой 20 ахуыргæнæджы. Нæ республикæйы
ахуырад æмæ наукæйы министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Уæрæсейымæ
абаргæйæ нæ республикæйы ахуыргæнджытæ сты информацион технологитæй
хорз чи пайда кæны, уыдоны хсæн. Уымæ гæсгæ сæм ацы конкурс дæр
цымыдисаг фæкастис. Скъоладзауты интернетæй раст пайда кæнын сахуыр
кæнын у – конкурсы архайджыты æмæ аразджыты иумæйаг хæс.

Сæлбиты Алан, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ
наукæйы министрады наукæ æмæ информацион технологиты хайады хицау: «Уыцы
хъæппæрис ахуыргæнджытæ тынг зæрдæргъæвдæй райстой, сæ зæрдæмæ фæцыдис
уыцы хъуыды, уымæн æмæ арæх фехъусæм ахуыргæнджытæ фæфæрсынц, куыд ахуыр
кæнæм сывæллæтты, цæмæй сæхи хъахъхъæнын зоной интернеты, цæмæй алы
æнаккаг митæй хызт уой. Æмæ уыцы хъуыдытæм гæсгæ, ныртæккæ цы куыст
цæуы, уый у пайда æмæ ахадгæ».

«Интернетæй æдасæй пайда кæныны»
конкурсæн хатдзæгтæ скæндзысты фидæны азы февралы. Ныр та уал,
республикæйы скъолаты кусы иумæйаг системæ, интернеты сайттæ чи бæрæг
кæны, ахæм. Уый руаджы сывæллæттæн сæ бон бацæуын у æрмæстдæр пайда чи
у, æмæ зонындзинæдтæ чи дæтты, ахæм интернет фæрстæм. Сывæллоны
æнæниздзинадæн зиан чи хæссы, уыцы сайттæ та сты бацæуæн кæмæ нæй,
ахæмты хыгъды.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania