Цæгат Ирыстоны знон кусæг балцы уыд УФ-йы хъæууон хæдзарады министр Николай Федоров. Бабæрæг кодта Беслæны мемориалон уæлмæрд, дидинджытæ сæвæрдта теракты амæттæгты номыл цырддзæвæныл. Уый фæстæ ацыд Алагиры районмæ, агрохолдинг «Мастер прайм Березкæ»-йы куыст сбæрæг кæныны тыххæй
Цæгат Ирыстоны знон кусæг балцы уыд
УФ-йы хъæууон хæдзарады министр Николай Федоров. Бабæрæг кодта Беслæны
мемориалон уæлмæрд, дидинджытæ сæвæрдта теракты амæттæгты номыл цырддзæвæныл. Уый фæстæ ацыд Алагиры районмæ, агрохолдинг «Мастер
прайм Березкæ»-йы куыст сбæрæг кæныны тыххæй, æмæ йын Мамсыраты
Таймуразимæ æркаст йæ архайдмæ. Базонгæ æппæт технологитимæ. Уæлдай
цымыдисагдæр æм фæкастысты, дзидза æмæ æхсыры куыстгæнæг цехтæ.
Комплексы цы æмбырд сарæзтой, уым ныхас цыд, республикæйы дзидза æмæ
æхсыры куыстуæтты райрæзтыл. Агрокомплексы разамонæг æмæ Мæздæджы районы
колхоз «Украинæ»-йы сæрдар министры базонгæ кодта сæ фидæны нысантимæ.
Хъæууон хæдзарады хуыздæр кусджыты министр схорзæхджын кодта паддзахадон
хæрзиуджытæй.




