2012-æм аз Мæздæджы районы историйы азыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ дзы арæзт цæуынц алыхуызон конкурстæ, равдыстытæ, фембæлдтытæ.
Ныр дæр, районы цы бирæ адæмы хæттытæ цæры, уыдоны кæстæр минæвæрттæ æрæмбырд сты Аркадий Гайдары
2012-æм аз Мæздæджы районы историйы азыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ дзы арæзт цæуынц алыхуызон конкурстæ, равдыстытæ, фембæлдтытæ.
Ныр дæр, районы цы бирæ адæмы хæттытæ
цæры, уыдоны кæстæр минæвæрттæ æрæмбырд сты Аркадий Гайдары номыл
сывæллæтты библиотекæйы æмæ кæрæдзийæн бамбарын кодтой, алы æвзæгтæй
дзургæйæ дæр сæйрагдæр кæй у хæлар ахастдзинæдты цæрын. Мæздæджы
историйы алы адæмы хатты минæвæрттæн цы ахадындзинад ис, уый сывæллæттæ
равдыстой видеоæрмæджыты. Чысыл инсценировкæты руаджы радзырдтой бинонты
уæрзондæр бæрæгбæтты тыххæй, зарыдысты æмæ кафыдысты. Фембæлды
архайджытæн уыд национ хæринæгтæй ацаходыны фадат дæр. Ахæм фембæлдтытæ
ацыдысты районы горæты æмæ хъæуты библиотекæты.




