филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:29 суббота, 21 сентября 2024
14 ноября 2012, 14:45
Дзæуджыхъæуы ацыд акции «Бахъахъхъæн сывæллоны цард!»

«Бахъахъхъæн сывæллоны цард!». Ахæм акци ацыд Дзæуджыхъæуы. Арæзт æрцыд паддзахадон автоинспекцийы хъæппæрисæй. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны педагогон институты

волонтертæ.

«Бахъахъхъæн сывæллоны цард!». Ахæм акци
ацыд Дзæуджыхъæуы. Арæзт æрцыд паддзахадон автоинспекцийы хъæппæрисæй.
Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны педагогон институты

волонтертæ.

Акцийы нысан у адæмы ‘ргом раздахын,
фæндæгтыл цы уавæр ис, уымæ. Сывæллæттæ хъыгдард кæм баййæфтой, ахæм
фæндаггон фыдбылызтæ афæдзы райдайæнæй нæ республикæйы æрцыд 62. Уыдоны
фæмард 7 сабийы, 63-йæ та фесты алыхуызон цæфтæ. Абон сæ алкæй дæр
æрхъуыды кодтой. Бацæттæ кодтой сæ нæмттимæ æмæ мыггæгтимæ плакаттæ.
Студенттæ ма шофыртæн æмæ адæмæн лæвæрдтой сæрмагонд сыфтæ. Сидтысты
сæм, цæмæй фæндæгтыл цæуыны фæтк ма халой. Акци арæзт æрцыд, фæндаггон
фыдбылызты амæттаг чи бацис, уыдоны мысæн бонмæ. Вæййы ноябры æртыккаг
хуыцаубоны.

Абойты Дзерассæ, Цæгат Ирыстоны
паддзахадон педагогон институты студенткæ: «Ацы акци мæнмæ гæсгæ
ахсджиаг у. Куы лæууыдыстæм, уæд нæм бирæ шофыртæ кастысты, сæ
цæстæнгасыл бæрæг уыд, хъыг сын кæй у, уый. Ацы акцийæ сидæм шофыртæм,
фæндаггон æгъдæуттæ куыд æмбæлы, афтæ куыд æххæст кæной, сывæллæттæм сæ
хъус куыд дарой, разæй сæ куыд нæ бадын кæной машинæты».

Бекъойты Артур, фæндæгтыл æдасæй цæуыны
паддзахадон инспекцийы хицауы хæдивæг: «Нæ шофыртæм дзурæм, цæмæй
фыдбылызы ма хауой сывæллæттæ, уый тыххæй хъæуы хъус дарын фæндаггон
æгъдæуттæ. Сывæллоны куы ласа, уæд хъуамæ машинæйы уа сæрмагонд бадæн,
цæмæй фыдбылыз куы æрцæуа, уæд къаддæр цæфтæ баййафа, уый тыххæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania