филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:23 суббота, 21 сентября 2024
14 ноября 2012, 14:53
Транскамы райдыдта зæйтæ æмæ ламидæттæ рацæуынæй тæссаг сезон

Транскамы райдыдта зæйтæ æмæ ламидæттæ рацæуынæй тæссаг сезон. Фæндаджы æдасдзинадыл абон æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Зæрдæхсаинаг у Ручъы тъунелы уавæр.

Транскамы райдыдта зæйтæ æмæ ламидæттæ
рацæуынæй тæссаг сезон. Фæндаджы æдасдзинадыл абон æрныхас кодтой
сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Зæрдæхсаинаг у Ручъы тъунелы уавæр. Ацы
аз дзы райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ,
цæмæй дзы машинæтæ цæуой дыууæ рдæм дæр. Фæлæ уымæ гæсгæ зæйтæ æмæ
ламидæттæ куы рацæуой, уæд машинæтæ æмæ адæмы фервæзын кæнынæн æвзæрдзæн
зындзинæдтæ. Абон дæр Хуссар Ирыстонæй цæуæг адæмæй цæуынц хъæстытæ,
уæлæмхасæн фæндагыл цæуыны æгъдæуттæ хæлд кæй цæуынц, уый тыххæй.
Хицауады сæрдар Такъоты Сергей фæнд кæны фæсидын хæдбар паддзахады
разамындмæ, цæмæй бæстондæр цæстдард цæуа Ручъы тъунелы хуссарварсмæ.
Уыимæ ма дзы хъуамæ æвæрд æрцæуа уæлæмхасæн хъармгæнæн пункт.

Гидрометеослужбæйæ куыд хъусын кæнынц,
афтæмæй ацы аз Транскамы уыдзæн хорз боныхъæд. Уæлдæфы температурæ
уыдзæн нормæмæ хæстæг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania