филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:25 суббота, 21 сентября 2024
15 ноября 2012, 14:53
Хацъæты Олегæн Хицауады хæдзары арæзт æрцыд æмбырд

Уæрæсейы президенты бардзырдмæ гæсгæ республикæйы бюджетæн радих кодтой 400 милуан сомы æмæ хардзгонд æрцæудзысты Беслæны теракты бахауджытæн цæрæнуæттæ балхæнынæн.

Уый тыххæй фехъусын кодта

Уæрæсейы президенты бардзырдмæ гæсгæ
республикæйы бюджетæн радих кодтой 400 милуан сомы æмæ хардзгонд
æрцæудзысты Беслæны теракты бахауджытæн цæрæнуæттæ балхæнынæн.

Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы
Федерацийы Советы сенатор Цæгат Ирыстонæй, Хацъæты Олег. Знон фембæлд
«Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтимæ. Æмбырды архайдтой цалдæр
ведомствæйы разамонæджы. Ныхас цыд медикаменттæй ифтонгдзинадыл, стæй
санаторон – курортон æххуысыл. Сенаторæн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй
теракты бахауджытæй ацы аз каст æрцыд 640-ы æнæниздзинадмæ æмæ куыд
сбæлвырд кодтой, афтæмæй 73 адæймаджы æппынæдзух хъæуы хостæй ифтонг
кæнын, 7 адæймаджы санаторитæм æрвитын. Уымæн та æрвылаз хъæуы 840 мин
сомы. Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Сæ алыг кæныны
хæс Хацъæты Олег сæвæрдта ведомствæты разамонджытыл æмæ сын радта 5 боны
æмгъуыд.

Хацъæты Олег, Уæрæсейы Федерацийы Советы
уæнг Цæгат Ирыстонæй: «Уыцы фарстатыл абон лæмбынæг æрныхас кодтам æмæ
ме мкусджытæ чи сты, уыдон зæрдæ бавæрдтой, уыцы фарстатæм лæмбынæг кæй
æркæсдзысты æмæ иунæг адæймаг дæр нæ баззайдзæн æнæ рхъуыдыйæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania