филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:32 суббота, 21 сентября 2024
15 ноября 2012, 15:12
Цæгат Ирыстоны сывæллæтты театр «Саби»-йы актертæ сарæзтой сæрмагонд «Тагъд æххуысы театр»

Йæ нысан у, цæмæй йæ æнæниздзинад цудыд кæмæн у æмæ театрмæ æрбацæуын йæ бон кæмæн нæу, уыдонмæ артисттæ сæхимæ цæуой æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кæной. Нырма уал сывæрдтой дыууæ спектаклы, тæлмацгонд æрцыдысты гобиты æвзагмæ.

Йæ нысан у, цæмæй йæ æнæниздзинад цудыд кæмæн у æмæ театрмæ æрбацæуын йæ бон кæмæн нæу, уыдонмæ артисттæ

сæхимæ цæуой æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кæной. Нырма уал сывæрдтой дыууæ спектаклы, тæлмацгонд æрцыдысты гобиты æвзагмæ.

Киплингы аргъауæй, алцыдæр зонын кæй
фæндыд, уыцы пыл архайы цыфæндыйæ дæр раиртасын, цы дæттынц
кæфхъуындарæн сихоры хæрдæн. Ацы спектакль фæцæудзæн сеппæты зæрдæмæ
дæр. Персонажтæ цæуыл дзурынц, уый æмбæрстгонд уыдзæн, æппындæр чи нæ
хъусы, уыцы сывæллæттæн дæр. Спектакль цæттæ кæнынц сывæллæтты театр
«Саби»-йы артисттæ. Уыцы-иу рæстæг тæлмацгонд цæудзæн гобиты æвзагмæ.

Къадзаты Аидæ, «Тагъдæххуысы сывæллæтты
театр»-ы артисткæ: «Цæгат Ирыстоны театралон архайджыты цæдис стæй Цæгат
Ирыстоны иавады министрад æмæ мæнæ нæ актерты чысыл къорд бацæттæ
кодтой социалон проект. Хæсы ном «театральная неотложка». Ныртæккæ уал
нæм ис 2 спектаклы. Иу дзы у Киплингы аргъау «Любопытный
слоненок»,бынтон гыццыл сывæллæттæн 1-3 азы кæуыл цæуы, ахæмтæн. Иннæ
та, америкаг таурæгътæм гæсгæ æвæрд спектакль, гыццыл хистæр чи у, 4-6
азы кæуыл цæуы, уыдонæн».

 «Тагъдæххуысы театры» актертæ
рамбылдтой, республикæйы экономикон райрæзты министрад цы конкурс
расидт, уым. Сывæллæтты спектакль сæвæрынæн бирæ хæрдзтæ нæ хъæуы, фæлæ
йæ пайда та у стыр. Уымæ гæсгæ артисттæ цалдæр мæйы бакуыстой
логопедтимæ æмæ психологтимæ. Стыр æргом аздæхтой, декорацитæ куыд
сæвæрой, уымæ, уæлæдарæсы хуызмæ, суанг ма гриммæ дæр. Ацы проекты нысан
у, цæмæй театрмæ æрбацæуын кæй бон нæу, уыцы сывæллæттæм артисттæ
сæхæдæг цæуой, æмæ сæ сæ курдиаты фæрцы ахоной аргъæутты дунемæ. 1-аг
хатт уал артисттæ æрбацыдысты уæзхъус сывæллæтты скъола-интернатмæ.
Илаты Руслан у йæ хъомылгæнинаг. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ зæрдæмæ
фæцыдысты пыл, кæфхъуындар æмæ иннæ хъайтартæ дæр. Кæд музыкæйы зæлтæ
нæ хъуыста, уæддæр йæ арф банкъардта.

Бæрæзгаты Ларисæ, Гобиты скъолайы
директоры хæдивæг: «Ахæм спектакль мах скъоламæ фыццаг хатт æрбаластой
æмæ се ппæты зæрдæтæмæ дæр фæцыд. Разыйæ баззадысты сывæллæттæ дæр,
ахуыргæнджытæ дæр, ныййырджытæ дæр. Тынг хорз у ахæм проект кæй æрхъуыды
кодтой, уый. Арæхдæр нæм куы цæуиккой, уæд та бынтон æхсызгон хъуыддаг
уыдзæн. Уæд нæ сывæллæтæ дæр фылдæр уыной ахæм спектакльтæ, ахæм
циндзинæдтæсыл арæхдæр цæудзæн».

«Тагъдæххуысы театр»-ы сабитæ сæхæдæг
свæййынц спектаклы архайджытæ, раттынц сын рольтæ æмæ иумæ фæдзурынц
ныхæстæ, зарынц æмæ кафынц.

Къадзаты Аидæ, «Тагъдæххуысы театр»-ы
артисткæ: «Ацы спектаклæй сывæллæттæ æнæмæнг рахæсдзысты царды
зонындзинæдтæ, цæуылдæр ахуыр кæндзысты, цыдæр ногдзинæдтæ базондзысты.
Сæйрагдæр та уый у æмæ сывæллæттæ цардмæ æндæр хи цæстынгасæй кæсын
райдайынц».

Спектакльмæ музыкæ æмæ ныхæстæ ныффыста
курдиатджын режиссер Кокуаты Андрей. Куыд зæгъы, афтæмæй сабитæ хъуамæ
кæрæдзийæ ма хицæн кæной, кæд се нæниздзинад иутæн цудыд у уæддæр.
Дарддæр ацы театры артисттæ бабæрæг кæндзысты сидзæр сывæллæтты
хæдзæрттæ, рынчындæттæ, се `ппеты дæр, чи сæм æнхъæлмæ кæсы, уыдоны.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania