филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:46 суббота, 21 сентября 2024
15 ноября 2012, 16:00
Хæсты ветерантæ тыхсынц, сæ фатеры хъарм кæй нæй, уымæй

Кæд хъармгæнæн сезон райдыдта, уæддæр бирæ хæдзæрттæм хъарм нæма бахæццæ. Сæ иу Ватутины уынджы. Æххусагур нæм æрбадзырдта хæдзары цæрæг хæсты ветеран Людмилæ Яицкова.

Кæд хъармгæнæн сезон райдыдта, уæддæр
бирæ хæдзæрттæм хъарм нæма бахæццæ. Сæ иу Ватутины уынджы.

Æххусагур нæм æрбадзырдта хæдзары цæрæг хæсты ветеран Людмилæ Яицкова.
Пенсиисæг, йæ цæссыг нæ уромгæйæ, радзырдта, йæ фатеры уазалæй кæй сæлы,
уый тыххæй. Не сфæлдыстадон къорд куыд сбæрæг кодта, афтæмæй йæм знон
изæрæй хъарм бауагътой.

Дыууæ хæдоны, дыууæ фæлысты цъындатæ,
тæбынæй конд æддаг уæлæдарæс, æмæ палто. Уыдон сты Людмилæ Яицковайы
хæдзары дзаумæттæ. Пенсиисæг йæ цæссыг нæ урæдта, афтæмæй не
сфæлдыстадон къордæн дзырдта йæ хъуыддæгтæ. Йæ бинойнагимæ сты хæсты
ветерантæ, хъуамæ сын уа æндæр царды уавæртæ, адон та, сæхи фатеры
уазалæй сæлынц.

Людмила Яицкова, фыдыбæстæйы стыр хæсты
ветеран: «Фæстагмæ ма нын ахæм уавæртæ. Нæхи фатеры уазалæй нæ бон
фæлæууын нæу. Куыд кæсын, афтæмæй нæ æвæццæгæн фæнд кæнынц фидæны
фæлтæртæн ныссæлын кæнын. Эксперименттæ ныл кæнынц. Кæдæм нæ бадзырдтам,
ахæм нал ис. Фæлæ нын дзуапп ничи дæтты».

Итутæ тæвд кæнынц газы пецтыл – афтæмæй
агъуысты температурæ иу чысыл фæхъармдæр вæййы. Электрон хъармгæнæн
балхæнынæн та, ацæргæ адæммæ æхца нæй. Уазалы уацары бахаудысты хæдзары
подъездтæй иуы цæрджытæ. Сæ фылдæр сты пенсиисджытæ. Тасы сæ æфтауы
зымæджы ралæуд, кæд фæззæджы сæ фатерты уазалæй фæлæууæн нæй, уæд
фæстæдæр та куыд уыдзæн, уый зын зæгъæн у. Ныридæгæн дзы хæдзары,
температурæ вæййы куыд уынджы, афтæ. Тынгдæр куы фæуазал уа, уæд фатерты
æппындæр фæлæууæн нал уыдзæн.

Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, цары хæтæлтæ
хъæуы уæлдæфæй суæгъд кæнын, цæмæй дзы дон ацæуа, уый тыххæй. Æхгæд
æрцыдыссты посты хайад куы цалцæг кодтой, уæд. Пост та ис бæстыхайы
фыццæгæм уæладзыджы. Хæдзæртты 4-æм управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй
цалдæр боны размæ цæрджыты курдиатмæ гæсгæ бынатмæ арвыстой специалист,
æмæ дзы сцалцæг кодта аиппдзинæдтæ.

Ханайты Георгий, хæдзæртты 4-æм
управленийы директор: «Æвæццæгæн чидæр йæ хæтæлтæ ивта, æмæ йæ никæмæн
загъта. Афтæмæй хæтæлтæ сæхгæдта, æмæ æхгæдæй баззадысты арвыстам
сæрмагонд бригад, сахат æмæ æрдæджы фæстæ сæм хъуамæ хъарм фæзына».

Лæггадгæнæг компанийы директор зæрдæ
бавæрдта, ацы фарстамæ йæхæдæг кæй æркæсдзæн, уымæй. Æмæ ныр фатерты
хъарм æцæгæй дæр фæзынц, раст зæгъгæйæ куыд загъта, сахат æмæ рдæгмæ,
афтæ нæ, фæлæ дыууæ боны фæстæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania