филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:38 суббота, 21 сентября 2024
16 ноября 2012, 13:26
Хæстæгдæр бонты Уæрæсейы мысдзысты фæндаггон фыдбылызты чи фæмард, уыдоны

Статистикæйы бæрæгæнæгтæм гæсгæ, ацы азы райдианæй УФ-йы фæмард 150 000 адæймагæй фылдæр. Ахоссæгтæ алыхуызон сты. Фæлæ уæлдай сагъæссаг у, æмæ фæндаггон фыдбылызты сывæллæттæ кæй бахауынц, уый.

Статистикæйы бæрæгæнæгтæм гæсгæ, ацы азы
райдианæй УФ-йы фæмард 150 000 адæймагæй фылдæр. Ахоссæгтæ алыхуызон
сты. Фæлæ уæлдай сагъæссаг у, æмæ фæндаггон фыдбылызты

сывæллæттæ кæй бахауынц, уый. Уавæр ивыны нысанимæ УФ паддзахадон
автоинспекци расидт сæрмагод акци «Бахъахъхъæн сывæллоны цард».

Мæргъиты Альбинæ машинæйыл цæуы ныр
цалдæр азы. Фæлæ сæ бинонтыл бафтдзæн, уый куы базыдта, уæд æппæты
фыццаг агурын райдыдтой, машинæты гыццыл сывæллæтты чи уромы, ахæм бадæн
бынæттæ. Хъуыддаг афоныл сæххæст кæнын сæ къухы нæ бафтыд…Арæндонмæ куы
бахауд, уæд та базыдта, Уæрæсейы паддзахадон автоинспекци сæрмагонд
акци кæй аразы, уый. «Бахъахъхъæн сывæллоны цард» – алы ныййарæг дæр
ууыл тыхсы æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд акцийы хъæппæрис. Фæлæ дзы йæхæдæг дæр
архайдзæн – уый æнхъæл нæ уыд. Рынчындонæй йæ куы фыстой, уæд ын
паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сарæзтой æнæнхъæлæджы бæрæгбон.
18-æм ноябры Уæрæсейы мысдзысты, фæндаггон фыдбылызты чи фæмард, уыдоны.
Уый зонгæйæ паддзахадон автоинспекци аразы профилактикон мадзæлттæ.
Уæвгæ, фыдбылыз не руадзын æнцондæр у, йæ фæстиуджытæ иуварс кæнынæй.
Уый зонгæйæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспектортæ, сæ сæргъы
Беккузарты Хасанбег, афтæмæй ноггуырд сывæллæттæн лæвар кæнынц
автокреслæтæ, кæй хонынц, ахæм бадæн бынæттæ. Сты бирæфункционалон,
пайда кæнæн дзы ис куыд ноггуырд сывæллæттæн, афтæ, цалдæр азы кæуыл
цæуы, уыдонæн дæр. Ахæм цæстдард та ныййарджытæн æхсызгон куыд нæу.

Мæргъиты Ролан: «Стыр бузныг мæ зæгъын
фæнды Беккуызарты Хасанбæгæн дæр, стæй ацы акции чи æрхъуыды кодта,
уыдонæн дæр. Æнæнхъæлæджы нын уыд, нæ йæ зыдтам ахæм лæвар нын
скæндзысты, уый. Æмæ сæ цæрæн бон бирæ уæд».

Бæлццæттæ ласыны æгъдæуттæм æмæ домæнтæм
гæсгæ, сывæллоныл цалынмæ 12 азы нæ сæххæст уа, уæдмæ йæ нæй машинæты
раззаг бынæтты ласын. Уыимæ ма шофыры фæстæ цы бынæттæ ис, уым дæр
сывæллон хъуамæ бада æрмæстдæр сæрмагонд креслæйы. Уыцы домæн чи не
ххæст кæна, уыдон та цæудзысты иваргонд 500 сомæй. Ныййарджытæ сæхæдæг
куыд зæгъынц, афтæмæй, цыфæнды иварæй дæр сывæллоны æдасдзинад у æппæтæй
зынаргъдæр æмæ хъахъхъæнинаг. Уымæн та ныртæккæ фыццаг фæрæз сты
сæрмагонд бадæн бынæттæ.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania