филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:43 суббота, 21 сентября 2024
16 ноября 2012, 13:41
Харьковы ацыд 6-æм Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Харьковы ацыд 6-æм Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сарæзтой йæ Советон Цæдисы хъæбатыр Æхсараты Энверы номыл.

Ерысты архайдта 80 адæймаджы

Харьковы ацыд 6-æм Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сарæзтой йæ Советон Цæдисы хъæбатыр Æхсараты Энверы номыл.

Ерысты архайдта 80 адæймаджы. Ссыдысты
йæм Узбекистанæй, Укранинæйæ æмæ Уæрæсейы алы регионтæй. Рамбылдта Цæгат
Ирыстоны командæ. Турнирмæ хуынд æрцыдысты Æхсараты Энверы хæстæджытæ
дæр. Уыдон тынг бузныг уыдысты, сæ мыггаджы минæварæн ахæм аргъ кæй
кæнынц, уый тыххæй.

Æхсараты Энвер райгуырд Зилгæйы.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уыд Воронежы фронты 183 дивизийы 227 æхсæн полчъы
командæгæнæг. Энверы разамындæй йæ полкъ Харьковы бынмæ хæстыты бирæ
хъæутæм æмæ районтæм не рбауагъта знаджы, йæ салдæттæ æвдыстой
хъæбатырдзинад. Фæмард 1943 азы. Йæ амæлыны фæстæ йын радтой Советон
Цæдисы хъæбатыры ном. Харьковы йæ ном хæссынц скъола æмæ уынг.

Æхсараты Тамуся, Æхсараты Энверы хо:
«Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Харьковы цæрджытæн, сæ разамонджытæн, се
ппæтæн дæр. Энверæн уым ис цыртдзæвæн æвæрд, алы хатт дæ рыл ис
дидинджытæ. Сæ цæст æм дарынц æмæ уый æхсызгон у. Мах дæр куыд сбуц
кодтой, уый тыххæй сын бузныг. Суазæг нæ кодтой, телевиденимæ дæр нæ
цалдæр хатты ахуыдтой. Ахæм турнир дæр кæй сарæзтой, уый тыххæй та
уæлдайдæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania