филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:41 суббота, 21 сентября 2024
19 ноября 2012, 10:57
 Дзæуджыхъæуккаг «Алани» йæхи фæзы фæхæрд Хъазаны «Рубин»-æн

Премьер лигæйы Уæрæсейы чемпионаты матчы Дзæуджыхъæуккаг «Алани» йæхи фæзы фæхæрд Хъазаны «Рубин»-æн. Матчы фæстæ уазджытæ загътой, Гæззаты Владимиры æрбацыд командæйыл хорзырдæм

Премьер лигæйы Уæрæсейы чемпионаты матчы
Дзæуджыхъæуккаг «Алани» йæхи фæзы фæхæрд Хъазаны «Рубин»-æн. Матчы
фæстæ уазджытæ загътой, Гæззаты Владимиры æрбацыд командæйыл хорзырдæм фæзынд, æмæ ныр йæ ныхмæлæуджытæн йемæ
зындæр хъазæн кæй уыдзæн, уый. Кæд «Рубин»-ы фæлтæрдджындæр футболисттæ
ис, уæддæр сын фыццаг таймы æнцон нæ уыд. Фысымтæ архайдтой æнæ
рæдыдтытæй.

Дыккаг таймы, «Рубин»-ы хуыздæр
футболисттæй иу, Касаты Аланы æххуысæй дзæуджыхъæуккаг командæйæн гол
бакъуырдта Иван Маркано. Дыккаг гол та цалдæр минуту фæстæ бакъуырдта
Алан йæхæдæг. Афтæмæй хыгъд сси 0:2. Дыууæ хатты дæр уазджытæ спайда
кодтой «Алани»-йы хъахъхъæнджыты рæдыдтытæй.

Матчы фæстæ пресс-конференцийы Гæззаты
Валерий куыд загъта, афтæмæй æндæр хатдзæгмæ дæр не нхъæлмæ касти, уымæн
æмæ ныртæккæ командæты æмвæзад иухуызон нæу. Уый иу, стæй «Аланийæн»
бирæ рæстæг йæ бон рамбулын кæй нæу, уый дæр ыл æнæзынгæ нæ фæци.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania