филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:49 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 09:54
Дзæуджыхъæуы бын немыцаг фашистты æфсæдты куы ныппырх кодтой, уый 70 азы кадæн фембæлд

Ирон театры ацыд, Дзæуджыхъæуы бын немыцаг фашистты æфсæдты куы ныппырх кодтой, уый 70 азы кадæн фембæлд. Архайдтой дзы республикæйы разамонджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ветерантæ.

Ирон театры ацыд, Дзæуджыхъæуы бын
немыцаг фашистты æфсæдты куы ныппырх кодтой, уый 70 азы кадæн фембæлд.
Архайдтой дзы республикæйы разамонджытæ, æхсæнадон организациты

минæвæрттæ, ветерантæ.

Уазджытæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны
сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Бузныг загъта, уыцы карз тохы чи
архайдта, уыдонæн. Ветеран, Намысы ордены æххæст кавалер Виктор Коняевæн
та саккаг кодта республикæйы кадджындæр паддзахадон хæрзиуæг – орден
«Ирыстоны Намыс». Сæ аивадæй бæрæгбон срæсугъд кодтой республикæйы
сфæлдыстадон къордтæ. Цы номыртæ бацæттæ кодтой, уыдон баст уыдысты
хæстон тематикæимæ. Ацы мадзал бацæттæ кæнынмæ хуынд æрцыд зындгонд
мæскуыйаг режиссер Борис Колесников.

Хуадонты Ехья, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
ветеран: «Мах сæрыстыр стæм Сырх æфсад Дзæуджыхъæуы бын немыцаг æфсæдтæ
кæй ныппырх кодта æмæ сæ нæ зæххæй кæй атардта, уымæй сæрыстыр стæм.
Дзæуджыхъæуы бынмæ тохты чи архайдта, уыдонæй æгас чи сты, уыдонæн мæ
зæрдæ зæгъы бирæ азты дзæбæхæй уæнт».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania