филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:39 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 09:58
Республикæйы хицауады хæдзары ацыд кадджын мадзал

Республикæйы хицауады хæдзары ацыд кадджын мадзал. Фæсивæды хъуыддæгты физкультурæ æмæ спорты министр Челæхсаты Рустем Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы номæй арфæ ракодта

Республикæйы хицауады хæдзары ацыд кадджын мадзал. Фæсивæды хъуыддæгты
физкультурæ æмæ спорты министр Челæхсаты Рустем Цæгат Ирыстоны
сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы

номæй арфæ ракодта, фæсивæды раст хъомыладыл зæрдиагæй чи архайы,
уыдонæн. Физкультурæ æмæ спорты райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый
тыххæй цалдæр адæймаджы, республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ,
хорзæхгонд æрцыдысты «Ирыстоны намысы» майдантæй. Ацы къабазæн зæрдиагæй
кæй лæггад кæнынц, уымæ гæсгæ дыууæ адæймагæн радтой «РЦИ-Аланийы
физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы» ном, стæй хицæн адæймæгтæ
хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania